филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:32 среда, 08 мая 2024
15 мая 2019, 19:00
Россия 24. Эфир от 15.05.2019
2009 азы дунеон организаци ЮНЕСКО ирон æвзаг бахаста, Зæххыл цы æвзæгтæ сæфы, уыдоны номхыгъдмæ. Студийы уазæг - филологон зонæдты доктор, профессор Хъамболты Тамерлан.

2009 азы дунеон организаци ЮНЕСКО ирон æвзаг бахаста, Зæххыл цы æвзæгтæ сæфы, уыдоны номхыгъдмæ.
Уæдæй абонмæ рацыд 10 азы. Ирон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл арæзт æрцыд дзæвгар мадзæлттæ, се хсæн æппæты егъаудæрыл нымайын хъæуы, 2017-æм азы кæй райстæуыд, уыцы Паддзахадон программæ ирон адæмы национ – культурон рæзты фæдыл. 2018- 2020-æм азтæн. Ацы хъуыддаджы ма æнæмæнг стыр æнтыстыл нымайын хъæуы, алайнаг гимназ нæм кæй байгом, уый дæр. Ам, куыд зонæм, афтæмæй ахуыр цæуы, полилингвалон системæ кæй хонæм, уыцы программæтæм гæсгæ. Уый, бæрæг куыд у, афтæмæй æппæты фыццаг фæзынд Ирыстоны, фæлæ ныридæгæн рапарахат Уæрæсейы иукъорд регионты дæр æмæ дзы æнтыстджынæй пайда кæнынц. Ацы системæйы автортæй сæ иу у филологон зонæдты доктор, профессор Хъамболты Тамерлан æмæ уый абон у не студийы уазæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania