Социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты йын йæ ном æрхъуыды кæнынмæ æрæмбырд сты наукон интеллигенцийы минæвæрттæ, йæ хæстæджытæ. Дзырдтой, ирон археологийы æмæ историйы райрæзтмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уый тыххæй.
Социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты йын йæ ном æрхъуыды кæнынмæ æрæмбырд сты наукон интеллигенцийы минæвæрттæ, йæ хæстæджытæ. Дзырдтой, ирон археологийы æмæ историйы райрæзтмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уый тыххæй. Тменаты Виталий бирæ азты уыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты рагон дунейы æмæ астæуккаг æнусты историйы кафедрæйы сæргълæууæг. Уыд 70 наукон куысты автор. Уыимæ ма хайджын уыд поэты курдиатæй дæр. Йе *мдзæвгæты æмбырдгондæн ын мысæн изæры арæзт æрцыд презентаци. Зæгъын хъæуы уый, æмæ йе сфæлдыстадон архайды ирд бынат ахсы, телеуынынады цы равдыстыты цикл «Ирон этюдтæ» амыдта, уый.
Дзаттиаты Руслан, историон наукæты доктор, Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты наукон кусæг: «Йæхæдæг алы мæсыг дæр, алы зæппадз дæр æрдзæй сæ федта, барста сæ сантиметры онг. Хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ нал ис, фæлæ историйы баззыдысты. Уый ныууагъта тынг рæсугъд, ахсджиаг, биноныг фæд ирон археологийы. Суанг ма «Нарты и ноосфера» ахæм куыст бацæттæ кодта. Нарты алыварс цыдæриддæр цыдис, уымæ дæр ма æвнæлдта ахуыр кæнынмæ. Бирæ фæндтæ ма йæм уыдис, фæлæ йын нæ бантыст».