филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:21 пятница, 26 апреля 2024
02 ноября 2012, 12:05
Абон Дзæуджыхъæуы Советон тæрхондоны ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ

Абон Дзæуджыхъæуы Советон тæрхондоны ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ. Хайæдтæн уыд бæлвырд хæслæвæрд æмæ йæ хъуамæ сæххæст кодтаиккой хорз æмæ хъæугæ рæстæгмæ.

Ахуырты чи æмæ куыд архайдта, уый базондзыстут не рмæгмæ бакæсгæйæ.

Абон Дзæуджыхъæуы Советон тæрхондоны ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ. Хайæдтæн уыд

бæлвырд хæслæвæрд æмæ йæ хъуамæ сæххæст кодтаиккой хорз æмæ хъæугæ рæстæгмæ.

Ахуырты чи æмæ куыд архайдта, уый
базондзыстут не рмæгмæ бакæсгæйæ. Æппæты фыццаг Мидхъуыддæгты æмæ
æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты службæгæнджытæн радзырдтой сæ
хæслæвæрды тыххæй. Сæрмагонд макеттыл æмæ картæтыл дæлхайæдты
разамонджытæн бацамыдтой цы æмæ йæ кæм сæххæст кæнын хъæуы, уый.

Ацы хатт ахуырты рæстæг тæрхондоны
пъырыстыфты службæйы æфсæддонтæ хъуамæ æрцахстаиккой тæрхондоны
бæстыхаймæ хæцæнгарзимæ чи æрбацыд, уыцы фыдгæнæджы.

Пъырыстыфтæ цалдæр минутмæ æрцахстой
бæстыхаймæ хæцæнгарзимæ чи цыд, уыцы фыдгæнæджы æмæ йæ радтой
ведомствоты бæрны чи нæй, уыцы дæлхайæдты службæгæнджытæм. Дарддæр
ахуыртæ цыдысты тæрхондоны агъуысты. Хæслæвæрдмæ гæсгæ ам цæуы
тæрхондоны æмбырд æмæ тæрхонгæнæг кæсы тæрхон. Уыцы рæстæг фыдгæнæджы
æмбал лæбурын райдыдта тæрхонгæнæгмæ. Фæлæ пъырыстыфтæ разындысты
къæрцхъус æмæ йæ нæ бауагътой исты знаггад скæнын.

Дардæр ахуыртæ цыдысты уынджы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттимæ æмæ пъæлицæйæгтимæ иумæ.

Советон тæрхондоны сæрдары хæдивæг Гадиты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, ахуырты рæстæг пъырыстыфтæ иунæг рæдыд дæр нæ фæкодтой.

Ахуырты таурæгъмæ гæсгæ, тæрхондоны раз
æрæмбырд сты, тæрхон кæмæн хæссынц, уый хæстæджытæ æмæ фарсхæцджытæ. Куы
сбирæ сты, уæд халын райдыдтой æхсæнадон фæтк. Æмæ хъуыддагмæ
бавнæлдтой милицæйы сæрмагонд хайады æфсæддонтæ (ОМОН). Цыбыр рæстæгмæ,
загъдкъахæн митæ чи кодта, уыдоны æрцахстой, иннæты та æрсабыр кодтой.

Кæронбæттæны æфсæдтæ архайдтой,
зынгсирвæзты рæстæг куыд растдæр кусын хъæуы, уый равдисыныл. Тæрхондоны
пъырыстыфтæ раиртæстой, арт кæм схæцыд, уыцы бынат, æмæ хъусынгæнинаг
арвыстой радхæссæг хайадмæ, стæй тæрхондоны уæвджытæм. Зынгсирвæзтыты
ныхмæ тохгæнæг службæйы кусджытæ бынатмæ æрбахæццæ сты цалдæр минутмæ.
Сæрмагонд асинтæй пайда кæнгæйæ адæм эвакуацигонд æрцыдысты.

Ахуырты рæстæг специалисттæ архайдтой, куыд æмбæлы, афтæ. Æмæ сæ размæ цы хæстæ уыди, уыдон сæххæст кодтой иттæг хорз.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania