Цавæр зындзинæдтыл сæмбæлы æрыгон ахуыргæнæг, цас мызд исы æмæ йæ куыд сразæнгард кæнын хъæуы скъоладзауты ахуырмæ,. Сæ фидæны `мкусджытæм педагогон институты студенттæ лæвæрдтой алыхуызон фарстатæ.
Цавæр зындзинæдтыл сæмбæлы æрыгон ахуыргæнæг, цас мызд исы æмæ йæ куыд сразæнгард кæнын хъæуы скъоладзауты ахуырмæ,. Сæ фидæны `мкусджытæм педагогон институты студенттæ лæвæрдтой алыхуызон фарстатæ. Бирæтæн сæ дæсныйады фæндагыл слæууын у сæ царды ахсджиаг къахдзæфтæй иу. Æрыгон ахуыргæнджыты ассоциацийы уæнгтæ æвзонг фæсивæдæн радзырдтой сæ фæлтæрддзинады тыххæй.
Къораты Жаннæ, РЦИ-Аланийы æрыгон ахуыргæнджыты ассоциацийы уæнг: «Махæн нæ фембæлд, фыццаджыдæр, уый тыххæй уыдис, цæмæй, сом бон скъоламæ чи рбацæудзæн, уыдон феной, абон æрыгон ахуыргæнæг куыд кусы, цæвæр зындзинæдтыл сæмбæлы, цавæр æххуыс ис æрыгон ахуыргæнæгæн. Чи зоны, æмæ иууылдæр нæ ацæудзысты райсом скъоламæ, фæлæ дзы уыдис ахæм студенттæ, сæ удыхъæдæй размæ чи тырны, фæнды сæ ахуыргæнæг уæвын».