филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:37 пятница, 29 марта 2024
22 октября 2020, 12:34
Бруты цадты арæзт æрцыд кæсаг ахсыны чемпионат

Йæ архайджытæн алы кæсаг дæр уыди сызгъæрины хуызы

Бруты цадты арæзт æрцыд кæсаг ахсыны чемпионат. Йæ архайджытæн алы кæсаг дæр уыди сызгъæрины хуызы. Спортсменты сæйраг хæс уыди куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр кæсаг æрцахсын. Фæлтæрдджын кæсагахсджыты сусæгдзинæдтимæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд дæр. Касаты Наирæ бæлвырддæр.

Ацы цады сабырдзинад æмæ æрдзы рæсугъддзинадæй зæрдæ райы. Æрмæст хатгай, адæймаг æхсызгонæй бафиппайы æнгуыры уынæр. Карп хуымæтæг кæсаг нæу. Хъæуы йыл уæлдай узæлыд. Уымæн æмæ цыфæнды хæринагмæ æнгуырмæ хæстæг не рбацæудзæн.

Манук Коджаян кæсаг уарзы йæ сабийæ фæстæмæ. Профессионалон спортивон кæсагахсыны хъуыддаджы ис æрмæстдæр цалдæр азы, фæлæ йын уыцы рæстæгмæ ис бирæ æнтыстдзинæдтæ. Архайы республикон командæ Биг Фиш-ы хыгъды.

Спортсменмæ хæстæг бацæуын къухы бафтыди æрмæстдæр тæрхонгæнæджы цæстдардæй. Уымæн æмæ ам сæйрагдæр хъуыддæгтæй иу у, спортсмены хи дарыны æгъдау. Чемпионаты фæтк æххæст кæнын хъæуы æнæаиппæй. Кæсаг йæхи куыд дардзæн, уый бирæ лыстæг хъуыддæгтæй аразгæ у. Уынæр, доны температурæ, дымгæ æмæ афтæ дарддæр. Цады былгæрæтты аластой лент, йæ сæрты бахизыны бар никæмæн ис, чемпионаты архайæг та дзы рацæудзæн æрмæстдæр тæрхонгæнæг ын бар куы радта, уæд. Афтæмæй, цас кæсаг æрцахсдзæн, уый фылдæр аразгæ у спортсменæй йæхицæй. Ерысты архайдта 19 спортсмены, дыууæ йæ дзы уыдысты Цæцæны республикæйæ. Ерысгæнджытæ сты фæлтæрдджын, фæлæ ацы бынæттыл ахуыр не сты. Уый нæ хынцгæйæ сæм ис æнтыстдзинæдтæ.

Тур ахаста 5 сахаты бæрц. Касагахсджыты нысан уыди куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр кæсаг æрцахсын. Тæрхонгæнджыты размæ та æвæрд уыди хæс – кæсаг ахсыны спорты 3-аг категорийы аккаг чи суыдзæн, ахæм 11 спортсмены равзарын.

Радон ерыстæ ацæудзысты республикон æмвæзадыл. Уæд, спортсментæ ахсдзысты балер кæсаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania