филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:29 пятница, 26 апреля 2024
02 ноября 2012, 09:15
Доваторы проспекты хæдзæртты алыварс æвидауц кæнынц быроны кæритæ

Ацы æрмæг та не сфæлдыстадон къорд систа горæты цæрджыты курдиатмæ гæсгæ. Даваторы проспекты ис бирæ рæсугъд, нырыккон домæнтæм гæсгæ арæзт хæдзæрттæ.

Фæлæ сын сæ алыварс æвидауц кæнынц быроны кæритæ.

Ацы æрмæг та не сфæлдыстадон къорд систа
горæты цæрджыты курдиатмæ гæсгæ. Даваторы проспекты ис бирæ рæсугъд,
нырыккон домæнтæм гæсгæ арæзт хæдзæрттæ.

Фæлæ сын сæ алыварс æвидауц кæнынц
быроны кæритæ. Схæццæ сты суанг фыццагæм уæладзыджы рудзгуытæм.
Цæрæн-коммуналон службæйы кусджытæ ардыгæй арæх аласынц аразæн æрмæджы
хауæтддзæгтæ. Закъонмæ гæсгæ та, ацы куыст фатерты хицæуттæ хъуамæ кæной
сæхæдæг.

Хуыздæр уавæры нæу æрвылбоны быроны
уавæр дæр. Дзусы фырты уынджы куыд фæзæгъынц, быронæй азмæлæн нæй.
Роспотребнадзоры æмæ административон – техникон инспекцийы кусджытæ
быронласæг куыстуæтты æфхæрынц административон æгъдауæй, фæлæ уæддæр
хъуыддаг хуыздæр нæ кæны.

Бырондæттæ æвæрд сты скъолайы кæртмæ
хæстæг. Ацы районы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм уавæры иу æмæ
дыууæ азы не сты. Сывæллæтты физкультурæйы урокты футболæй фæхъазынц
пластмассæй конд бутылкæты хсæн. Уый, иу. Хицæн ныхасы аккаг у,
бырондæтты алыварс тæф. Афтæмæй 38-æм скъолайы ахуырдзаутæ алы бон дæр
дыууæрдæм цæуынц ауылты. Административон – техникон инспекци сæрмагонд
экологон службæйыл æрмæст ивгъуыд къуырийы скодта 37 протоколы. Фæлæ
уыдоны хъуыдымæ гæсгæ хъуамæ адæм сæхæдæг дæр архайой сыгъдæгдзинадыл.
Нæ горæт æрмæстдæр уæд уыдзæн аив æмæ сыгъдæг.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania