филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:28 понедельник, 25 ноября 2024
31 мая 2013, 15:09
Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы прокуратурæ бакуыста Евгений Вахтанговы хадзары тыххæй хъуыддагыл

18 апрелы нæ программæйы равдыстам æрмæг, режиссер Евгений Вахтангов кæм цард, уыцы хæдзары тыххæй. Цæрæнуаты хицæуттæй иу райдыдта бæстыхай цалцæг кæнын – къулæнцой цы пец уыд,

18 апрелы нæ программæйы равдыстам æрмæг, режиссер Евгений Вахтангов кæм цард, уыцы хæдзары тыххæй. Цæрæнуаты хицæуттæй иу райдыдта бæстыхай цалцæг кæнын – къулæнцой цы пец уыд, уый акалдта, къултæй иу фехæлдта. Уый тыххæй хъыгдард баййæфта хæдзары дыккаг уæладзыг. Хъуыддаг сбæлвырд кæныныл бакуыста Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы прокуратурæ. Сбæрæг кодта, хæдзары хицау æппæт куыстытæ дæр æнæ сæрмагонд бардæттæг гæххæттæй кæй скодта, уый. Баййæфта административон æфхæрд æмæ бафиддзæн ивар. 8-æм июньмæ хъуамæ бæстыхай фæстæмæ скæна, раздæр куыд уыд, афтæ. Уыимæ ма хæдзар историйы цыртдзæвæныл нымад кæй у, уый тыххæй байгом кодтой уголовон хъуыддаг.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania