Конференцийы архайдтой уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ
Гуманитарон наукæты нырыккон фарстатыл ныхас цыди Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты. Конференцийы архайдтой уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ. Арæзт цæуы ныр 15-æм хатт. Гуманитарон скъолайы ацæудзысты лекцитæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, семинартæ, фембæлдтытæ æмæ секцион хæслæвæрдтæ. Спикертæ – гуманитарийы раззагдæр ахуыргæндтæ. Конференцийы архайджыты хсæн – æцæгæйдæр наукæйыл иузæрдион чи у, ахæм адæм. Историйы, этнологийы, культурологийы æмæ æвзагзонынады къабæзты æрыгон ахуыргæндтæ. Фылдæр се ргом аздахдзысты гранттæ исыны фарстамæ. Сæйраг хъуыддаг у, ахуыргæндты курдиæттæ раст æрвитын, цæмæй конкурсты архайой æмæ сæ куыст фидæны ахадгæ уа, уый тыххæй. Ацы темæимæ баст уыдысты хицæн дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Конференцийы архайджытæн фадат уыдзæни наукон журналтæ «Известия СОИГСИ. Школа молодых ученых» æмæ «Кавказ-форум»-ы мыхуыр кæнын.