филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:46 четверг, 02 мая 2024
23 октября 2012, 12:16
Хъыгдардбаййафджытæй иуы аласдзысты Мæскуыйы рынчындонмæ

Теракты хъыгдард баййæфтой 4 адæймаджы, сæ иу Джыбылаты Зауыр фæмард. Се ппæт дæр сты мидхъуыддæгты министрады кусджытæ. Хъыгдард чи баййæфта, уыдонæй иу у 44-аздзыд Хоранты Вадим.

Теракты хъыгдард баййæфтой 4 адæймаджы, сæ иу Джыбылаты Зауыр фæмард. Се ппæт дæр сты мидхъуыддæгты министрады кусджытæ.
Хъыгдард чи баййæфта, уыдонæй иу у 44-аздзыд Хоранты Вадим. Ис тынг
уæззау уавæры республикон клиникон рынчындоны операцион хайады. Йæ
гæххæттытæ куы сцæттæ уой, уæд æрвыст æрцæудзæн Мæскуымæ. Нана Лотишвили
дæр ис ацы рынчындоны. Сæвæрдтой йын диагноз – невроз. Евгений Корнеев
æрвыст æрцыд Беслæны клиникон рынчындоны хирургон хайадмæ. Мидхъуыддæгты
министрады иу кусæг ма Баситы Васо ис тагъд æххуысы клиникон рынчындоны
сыгъдтыты хайады. Хъыгдард баййæфтой йæ къухтæ æмæ цæсгом. Райста 2-аг
æмæ 3-аг къæпхæны сыгъдтытæ.

Дудиаты Людмилæ, тагъдæххуысы клиникон
рынчындоны сыгъдтыты хайады хицау: «Ацы рынчын æрбахауд абон
сæумæрайсом, 4 сахаты æмæ 45 минутыл. Дохтыртæ йæ федтой, æмæ йын цы
æмбæлд, уыцы æххуыс бакодтой. Йæ цæфтæ йын бабастой, цæмæй йæ рыст
фæкъаддæр уа. Цы æмбæлыд, уыдон иууылдæр конд æрцыдысты».

Баситы Хъазыбег, Баситы Васойы фыд:
«Æвзæр у. Уколтæ йын скодтой. Ныр мæнæ йе мбалыл тыхсы. Уый кæстæр уыд
се хсæн. Æнæхъуаджы ахицæн йæ цардæй, æмæ ууыл тынг тыхсы».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania