филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:45 четверг, 02 мая 2024
17 июня 2020, 15:56
Мæздæджы районы цæрджытæ сæхиуыл банкъардтой социалон-экономикон рæзты программæйы ахадындзинад

Ацы фарстаты фæдыл Битарты Вячеславы разамындæй ацыди видеоконференци

Мæздæджы районы цæрджытæ сæхиуыл банкъардтой муниципалон сконды социалон-экономикон рæзты программæйы ахадындзинад. Ацы фарстаты фæдыл Битарты Вячеславы разамындæй ацыди видеоконференци.

Республикæйы Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй национ проект «Хæрзхъæд фæндæгтæ» æххæстгæнгæйæ, афæдзы кæронмæ арæзт æрцæудзæни Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы хсæн цыбыр фæндаг. Дзуапдæттæг ведомствæты разамонджытæн бахæс кодтой, хæстæгдæр рæстæг бацæттæ кæнынц Хъызлары культурæйы хæдзары цалцæггæнæн куыстыты сметæйы аргъ. Уый фæстæ документтæ æрвыст æрцæудзысты федералон ведомствæмæ, æмæ уым объект бахæсдзысты сæрмагонд программæмæ.

Видеоконференцийы ныхас цыди медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинадыл дæр. Ам ахсджиаг фарста у Мæздæджы районы рынчындоны тугдадзинты центр байгом кæнын, стæй дзæбæхгæнæн-профилактикон куыстуат бындуронæй рацаразын. Ацы проект сæххæст кæнынæн сæ хъæуы компьютерон томограф æмæ ангиогрофæй сифтонг кæнын.

Сметæйы æргътæ цæттæ уыдзысты 15-æм августы онг, загъта æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Годжысаты Тамерлан. Битарты Вячеслав йе ргом аздæхта хъæууон хæдзарады фарстатæм дæр. Районы спайда кæнын хъæуы, мелиорацийы рæзтæн ахадгæ чи у, уыцы федералон программæтæй. Мæздæджы районы сæрды хус рæстæг кæй скæны, уымæ гæсгæ  йæ бон æвзæрырдæм фæзынын у быдыртыл.

Федералон аграрон ведомствæйы ис хорз программæ. Уый фæрцы райсæн ис быдырты мелиорацийы хæрдзты 70% субсидитæ. Ныхас ма цыд дон æмбырдгæнæн объектты арæзтад кæронмæ ахæццæ кæныныл дæр. Битарты Вячеслав бадомдта, 15-æм июлы онг куысты пълан сбæлвырд кæнын. Уымæй уæлдай, фæззæгмæ хъуамæ цæттæ уа Черноярскæйы ног скъолайы арæзтады сметæ дæр. Уый фæстæ тендеры фæрцы сбæрæг уыдзæни, чи йæ араздзæн, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania