20 проекты тагъд рæстæджы райсдзысты æххуыс.
Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдоны æртыккаг фæсивæдон форум «Æнæ арæнтæй 2019» бахыгъта йæ хатдзæгтæ. 20 проекты тагъд рæстæджы райсдзысты æххуыс. Уый фæрцы фæсивæд царды рауаддзысты се рхъуыдыдзинæдтæ. Куыстытæ сты алывæрсыг. Се хсæн социалон, культурон-ахуырадон, спортивон, бизнесы æмæ æндæр къабæзтæ. Форумы архайджытимæ фембæлд Парламенты сæрдар Алексей Мачнев. Раарфæ сын кодта, стæй сын байхъуыста сæ лыггæнинаг фарстатæм. Алкæмæндæр зæрдæ бавæрда баххуыс кæнынæй. Хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы президент Хъуысаты Амырханы ныхæстæм гæсгæ, форум уникалон уымæй у, æмæ йе нæниздзинад хъыгдар кæмæн у, уыдон цыбыр рæстæгмæ баууæндын кодтой, царды цыфæнды бæрзæндтæм схизын дæр сæ бон кæй у, уый.