филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:24 суббота, 31 января 2026
14 июня 2019, 17:35
Фæлладуадзæн мæйты скъоладзаутæ сæ рæстæг куыд, æмæ кæм хъуамæ æрвитой, ууыл нæ республикæйы хицауад æрвылаз дæр рагацау ахъуыды кæны

Цалдæр азы сывæллæттæн фадат вæййы сæ ахуыргæнæндæтты сæрдыгон лагерьты сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитынæн.

Фæлладуадзæн мæйты скъоладзаутæ сæ рæстæг куыд, æмæ кæм хъуамæ æрвитой, ууыл нæ республикæйы хицауад æрвылаз дæр рагацау ахъуыды кæны. Цалдæр азы сывæллæттæн фадат вæййы сæ ахуыргæнæндæтты сæрдыгон лагерьты сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитынæн. Ахæм хорзæхæй фæхайджын сты Æрæфы районы скъолаты хъомылггæнинæгтæ дæр. Сабиты æрвылбоны царды тæххæй Сосранты Жаннæйы æрмæг.
Æрвылаз июны хъæлдзæгæй райдайынц сæ рæстæг æрвитын Æрæфы районы скъолаты сæрдыгон лагерьты хъомылгæнинæгтæ. Уыцы рæстæг сын скъола уæлдай уарзон свæййы. Фæцæуынц æм æрмæстдæр сæхи ирхæфсынмæ. Уый тыххæй та сын арæзт æрцæуынц æппæт фадæттæ дæр.
Социалон рæзты министрады, стæй районы хицауады фæрцы Æрæфы районы дыууæ лагеры баулæфдзысты бирæсывæллонджын, стæй фæкæсынхъуаг бинонты сывæллæттæ.
Цыколайы 3-æм скъолайы сæрдыгон лагерь вæййы æрвылаз дæр. Йæ ахуыргæнджытæ, æвæлмæцгæйæ, радыгай фæкæсынц сывæллæттæм. Саразынц сын æппæт гæнæнтæ дæр сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитынæн. Фæархайынц сабитæн алыхуызон хъæзтытæ, конкурстæ æмæ спортивон ерыстæ саразыныл.
Сывæллонæй хуыздæр ничи æмбары зæрдиаг зæрдæйы ахаст. Цыколайы æртыккæгæм скъолайы лагерь «Солнышко»-йы хъомылгæнинæгтæ уыцы хъуыдыйæн сты æвдисæнтæ.
Сæрдыгон лагерьты уæвджытæн бон дыууæ хатты лæвæрд цæуы хæрзад, зæрдæмæдзæугæ хæринаг. Конкурстæ æмæ викторинæты фæрцы та сывæллæттæ нæ ферох кæндзысты, ахуыры рæстæг сын цы æрмæг лæвæрд цыд, уый. Уыимæ ма, дзы канд ацы скъолайы хъомылгæнинæгтæ не сты, фæлæ районы æндæр скъолатæй дæр, уый сын дæтты фадат ног хæлæрттæ ссарынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania