Ахæм уынаффæ хаст æрцыди республикæйы парламенты уæрæхгонд æмбырды
Æрыдон æмæ Мæздæгæн ратдзысты «Æфсæддон намыс»-ы кадджын ном. Ахæм уынаффæ хаст æрцыди республикæйы парламенты уæрæхгонд æмбырды. Амæй размæ уыцы кады аккаг сси Комсомольскæйы хъæу дæр. Æмбырды куыд сбæрæг, афтæмæй Фадзайты Арсен рагагъоммæ уæгъдгонд æрцыди Цæгат Ирыстоны парламенты депутаты куыстæй, Паддзахадон Думæмæ фидаргонд кæй æрцыди, уымæ гæсгæ. Парламентаритæ сфидар кодтой «Цæгат Ирыстоны адæмон ахуыргæнæджы ном» дæттыны тыххæй закъоны проект. Лæврæд цæудзæни ахуырады къабазы стыр æнтыстытæ кæмæ ис, ахæм педагогтæн. Уымæй уæлдай, фидаргонд æрцыди РЦИ-А паддзахадон æвзæгты тыххæй закъоны проект дæр. У республикæйы сæргълæууæджы хъæппæрис. Парламенты уæнгты цур йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы хъуыддаг суыдзæн ирон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ йæ райрæзтыл архайды æнæрлæугæ куыст. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг закъоны проекттæ цы уæрæхгонд æмбырды фидаргонд цæуой, уыдон бæрæг кæндзæн йæхæдæг.




