19 июня 2019, 17:10
Дзæуджыхъæуы Кировы уынджы ног фонтан вандалты аххосæй сцалцæг кодтой 14 хатты
Горæты цæрджытæ, домæнтæ æмæ фæтк нæ хынцгæйæ, уæддæр бахизынц фонтанмæ.
Дзæуджыхъæуы Кировы уынджы ног фонтан вандалты аххосæй сцалцæг кодтой 14 хатты.
Горæты цæрджытæ, домæнтæ æмæ фæтк нæ хынцгæйæ, уæддæр бахизынц фонтанмæ. Сæ сывæллæтты дзы уадзынц сæхи найын, уый нæ, фæлæ ма дзы фенæн вæййы цæрæгойты дæр. Адæм асæттынц конструкцитæ, æфсæйнаг хæтæлтæ ныкъкъæдзтæ кæнынц. Ног арæзт фонтан байгом кодтой хæрзæрæджы, фæлæ уыцы рæстæгмæ 14 хатты специалистты бахъуыди бынатмæ рацæуын, æмæ та ногæй фонтанмæ базилын. Хæстæгдæр рæстæг объекты фæзындзæни сæрмагонд фæйнæджытæ, стыр дамгъæтæй дзы фыст уыдзæни, фонтаны хи найæн кæй нæй, уый. Уымæй уæлдай дзы сæвæрдзысты видеоцæстдарды системæ.




