филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:34 суббота, 21 сентября 2024
25 июня 2019, 12:10
Ног ахуыры азы райдианæй лæвар секцитæм æнæ паддзахадон серитификаттæй цæуыны бар нал уыдзæни

Уый тыххæй хъæуы сæрамгонд программæйы регистраци скæнын.

Ног ахуыры азы райдианæй лæвар секцитæм æнæ паддзахадон серитификаттæй цæуыны бар нал уыдзæни. Уый тыххæй хъæуы сæрамгонд программæйы регистраци скæнын. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сертификаты сæйраг нысан у, уæлæмхасæн ахуырады ахадгæдæр къабæзтæ сбæрæг кæнын, æмæ бюджетон фæрæзтæ æмбæлгæ хъуыддæгтыл схардз кæнын. Программæйы чи архайдзæни, уыцы организациты реестрмæ ныридæгæн хаст æрцыди 100 структурæйæ фылдæр. Се хсæн куыд паддзахадонтæ, афтæ хи куыстуæттæ.
Фидæны стъалы – афтæ Цгъойты Камиллæйы хонынц йæ ахуыргæнджытæ. Æвзонг гимнасткæйыл 11 азы дæр нæма цæуы, фæлæ йæм уыйбæрц уæлахизтæ ис, æмæ сæ банымайæн дæр зын у.
Камиллæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй рагæй дæр бæллы, цæмæй спортæй архайа, куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр сывæллæттæ.
Гимнастикæйæ уæлдай, скъоладзау цæуы вокалон къордмæ, стæй нывкæнынадмæ. Чемпионкæйы алы бон дæр минуты онг вæййы фыст. Сывæллæтты сфæлдыстады Галуанмæ гимнастикæйы ахуыртæм Камиллæ цæуы лæвар. Иннæ ахуыртыл цы æхца хардз кæны, уый бинонты бюджетыл фæбæрæг, зæгъы чызджы мад Цæгæраты Джина. Камиллæйæн радтой уæлæмхасæн ахуырады тыххæй сертификат. Бинонтæ ахæм æнæнхъæлæджы лæварыл сæмбæлдысты зæрдæрайгæйæ.
Ног ахуыры азы райдианæй лæвар секцитæм дæр æнæ ахæм серитификаттæй цæуыны бар нал уыдзæни. Документ æнæмæнгæй къухмæ райсын нæ хъæуы. Уый тыххæй фаг у æрмæстдæр сæрамгонд программæйы регистраци скæнын. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сертификаты сæйраг нысан у, уæлæмхасæн ахуырады ахадгæдæр къабæзтæ сбæрæг кæнын, æмæ бюджетон фæрæзтæ æмбæлгæ хъуыддæгтыл схардз кæнын.
Дзуапдæттæг куыстуæтты минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сертификатты фæрцы сбæрæг кæнæн уыдзæни уæлæмхасæн ахуырады системæйы уавæр. Стæй ахуыргæнджыты хсæн дæр ахуырады хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæныны тыххæй фæзындзæни конкуренци. Программæйы чи архайдзæни, уыцы организациты реестрмæ ныридæгæн хаст æрцыди 100 структурæйæ фылдæр. Се хсæн куыд паддзахадонтæ, афтæ хи куыстуæттæ. Æмæ уый нырма йæ райдиан у. Коммерцион центрты ахуыртæн фидыны тыххæй бюджетон фæрæзтæй сертификатты уылты спайда кæнæн уыдзæни 2021-æм азæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania