филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 21 сентября 2024
25 июня 2019, 12:15
Æнæниздзинадхъахъæнынады къабазы Цæгат Ирыстоны фæстаг азты бирæ ивддзинæдтæ цæуы

Æрæфы районы рынчындоны дæр архайынц адæмæн хуыздæр уавæртæ æмæ гæнæнтæ аразыныл.

Æнæниздзинадхъахъæнынады къабазы Цæгат Ирыстоны фæстаг азты бирæ ивддзинæдтæ цæуы. Æрæфы районы рынчындоны дæр архайынц адæмæн хуыздæр уавæртæ æмæ гæнæнтæ аразыныл. Коллектив кæд фæкъаддæр, уæддæр сæ архайд у лæмбынæг æмæ бæрзонд æмвæзадыл. Ныридæгæн рынчындоны ис 99 хуыссæн бынаты, уыдоны фылдæр хай сты æхсæвæй-бонæй кæм вæййынц рынчынтæ, ахæмтæ. Иннæты та æрмæстдæр боныгон се нæниздзинад фæфидар кæнынмæ æрбацæуынц районы цæрджытæ. Рынчындоны сæйраг дохтыр Бесолты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, дыууæ азмæ сын цы куыст бакæнын бантыст, уый зæрдæмæдзæугæ у, стæй цы ногдзинæдтæ хаст цæуы, æнæниздзинадхъахъхъæнынады системæмæ, уыдон дæр адæмыл хуыздæрырдæм бæрæг кæнынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania