филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:26 суббота, 31 января 2026
25 июня 2019, 12:20
Социалон æххуыс чи кæны, уыцы адæмы фарс рахæцын хорз у, уымæй хуыздæр та адæмты хсæн хæлар ахастдзинæдтæ

Уæлдайдæр та сыхаг республикæтæ æмæ бæстæтимæ.

Социалон æххуыс чи кæны, уыцы адæмы фарс рахæцын хорз у, уымæй хуыздæр та адæмты хсæн хæлар ахастдзинæдтæ. Уæлдайдæр та сыхаг республикæтæ æмæ бæстæтимæ. Фæлæ куыд зонут, афтæмæй æрæджы Гуырдзыстоны цы политикон цаутæ рцыд, уый фæкъахыр кодта дыууæ паддзахады хсæн ахастдзинæдтæ. Адæмы æдасдзинадыл хъуыды кæнгæйæ Уæрæсейы президент бафыста сæрмагонд уагæвæрдтæ. Баст сты туристтимæ. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй бирæтæ сæ раздæры фæндон нæ ивынц.
Уæллаг Ларсы цæстдарæн пунктмæ бацæуæны цы информацион тæрхæг ис, уым фыст ис Уæрæсейы туризмы федералон агентады амынд, цæмæй туристтæ Гуырдзымæ ма цæуой, уый тыххæй. Куыд зонут, афтæмæй дыууæ паддзахады хсæн политикæйы уавæр фæстаг рæстæг фæкарздæр ис. Гуырдзымæ сæ фæллад уадзынмæ чи цæуы, уыцы туристтæ кæсынц газеттæ, интернеты æрмæджытæ, кæсынц телеуынадмæ – иудзырдæй зонгæ сты, Тбилисийы ныртæккæ цы уавæр ис, уымæн. Фæлæ уæддæр сæ фæнд нæ ивынц. Сæ балцы нысан у Гуырдзы.
Гуырдзыйæ чи раздæхтис, уыцы туристтæ дæр ныфсытæ æвæрынц, зæрдæхсаинагæй дзы кæй ницы ис, уымæй.
Уæвгæ, се ппæт разы не сты Гуырдзымæ балцы араст уæвынмæ. Тыхсынц, куыд сæхи, афтæ се мбæлццонты æдасдзинадыл.
Туристон фирмæтæн дæр уæрæсейы туризмы агендат амоны, цæмæй Гуырдзымæ балцæгтæ ма уæй кæной. Уæвгæ, туроператортæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы бæстæмæ ацæуынмæ туристтæ сæ лæггæдтæй арæх нæ пайда кæнынц. Равзарынц арæхдæр автобустæ, науæд та рог машинæтæ.
Дыууæ паддзахады хсæн ахасдзинæдтæ фæхуыздæр кæнын ныртæккæ у Гуырдзыйы хицауады бон. Уæрæсе кæдфæндыдæр разы у сабырæй æмæ хæларæй цæрынмæ. Ныртæккæ дæр цæттæ у æмгуыстадмæ, цæмæй хуымæтæг адæмы фæлладуадзæн фæндтæ ма фехæлой, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania