Æппæты фыццаг номыр рацыд 1934-æм азы, уый ирон интелегенцийæн уыд стыр бæрæгбон.
Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй йе 85 азы юбилей сбæрæг кодта журнал «Мах дуг». Æппæты фыццаг номыр рацыд 1934-æм азы, уый ирон интелегенцийæн уыд стыр бæрæгбон. Уæдæй фæстæмæ цалдæр хатты аивта журналы æддаг бакаст, йæ тираж, фæлæ æнæбаивгæ баззад йæ ахадындзинад. Журналæн йæ юбилейы фæдыл раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты канд йæ куысджытæ нæ, фæлæ ма æндæр редакциты журналисттæ æмæ журналкæсджытæ. Республикæйы сæргълæууæджы номæй арфæйы ныхæстæ бакасти хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Абон журналæн лæггад кæнынц 12 адæймаджы. Æмæ йæ ног разамонæг Хетæгкаты Оксанæ куыд зæгъы, афтæмæй дзы тагъд уыдзæн ног комулæфт, уымæн æмæ «Мах дуг»-мæ æрбацыд æрыгон фæлтæр.




