филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:51 суббота, 21 сентября 2024
27 июня 2019, 12:00
Абон нæ бæстæйы бæрæг кæнынц фæсивæды бон

Уый фæдыл Цæгат Ирыстоны дæр уыдзæн стыр бæрæгбон.

Абон нæ бæстæйы бæрæг кæнынц фæсивæды бон. Уый фæдыл Цæгат Ирыстоны дæр уыдзæн стыр бæрæгбон. Йæ аразджытæ сты Дзæуджыхъæуы администрацийы фæсивæдон политикæйы, физкультурæйы æмæ спорты комитет. Сабырдзинады проспект Горькийы уынгæй Дзанайы-фырты онг дихгонд цæудзæн алыхуызон тематикон фæзтыл. Зæгъæм, хуызистыты фæзуат, «гом микрофон», нывкæнынады, арæзт уыдзæн къамты равдыст дæр. Уымæй уæлдай арæзт уыдзæн дæсныйадæвдисæг ахуыртæ хæринаг кæнынæй, интеллектуалон хъазтæй, алайнаг хъаматыл тох кæнынæй, сæ арæхстдзинад равдисдзысты æнæнхъæлæджы цауты министрады службæгæнджытæ. Æнкъард дзы никæмæн уыдзæн, ам арæзт уыдзысты алыхуызон ерыстæ, фæсивæд сæххæст кæндзысты квесты хæслæвæрдтæ, фæллойы æмæ хъахъхъæнынады нормæтæ. Тематикон фæзтæ байгом уыдзысты 16 сахатыл. Ленины цур фæзыл та 19 сахатыл райдайдзæн концерт, архайдзысты дзы вокалон конкурс «Азарма»-ы уæлахиздзаутæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania