филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 суббота, 21 сентября 2024
27 июня 2019, 12:30
Хурдзаст æмæ хъарм бонтыл байгом вæййынц найæн бынæттæ

Сæ иу – Дзæуджыхъæуы доны станцæ, иннæ та – БАМы районы аквапарк.

Хурдзаст æмæ хъарм бонтыл, кæй зæгъын æй хъæуы, тынгдæр бацин кæнынц сывæллæттæ. Уæлдайдæр та сын каникултæ куы райдайынц, уæд. Æмæ куыд нæ? Байгом вæййынц найæн бынæттæ. Æмæ сæм фæтырнынц алы кары адæм. Сæ иу – Дзæуджыхъæуы доны станцæ, иннæ та – БАМы районы аквапарк. Дыууæ объекты дæр найæн сезонмæ бацæттæ кодтой, куыд æмбæлы, афтæ. Уымæ гæсгæ, куыддæр уæлдæфы температурæ бæрзонд нымæцтæм схæццæ вæййы, афтæ горæты цæрджытæ атындзынц фæлладуадзæн бынæттæм.

Уæлдæфы температурæ тæккæ бæрзонддæр нымæцтæм куы схæццæ вæййы, уæд адæймаг фæтырны донмæ хæстæг рæттæм. Уымæ гæсгæ фæстар рæстæг Дзæуджыхъæуы доны сатнцæйы фæлладуадзджытæй къух бакæнæн нал вæййы. Уæлдай фылдæр адæм дзы вæййы райсомæй.

Тæккæ райсомæй сæ куысты уæлхъус вæййынц ирвæзынгæнджытæ дæр. Æппынæдзухдæр дзы рад фæхæссынц 6 специалисты. Сæ иу у хъахъхъæнæг Тохтиаты Азæмæт. У фæлтæрдджын ирвæзынгæнæг, ацыди сæрмагонд курсытæ. Уый нын радзырдта, адæймаг куы фæдæлдон вæййы, уæд фыццаджыдæр цы бакæнын хъæуы, уый.

Ирвæзынгæнджытæ ма куыд зæгъынц, афтæмæй æнæхъæн бон хурмæ уæвæн нæй. Цæмæй дæ ма ныццæва, уый тыххæй. Уымæй дарддæр ма сæр дæр хъуамæ уа истæмæй æмбæрзт, стæй арæхдæр аууæнмæ цæуын. Адæймаг тынг куы стæвд уа, æмæ уыйфæстæ донмæ куы бацæуа, уæд уый дæр бынтон хорз нæу. Ома температурæты раив-баив æвзæрырдæм ахады адæймаджы æнæниздзинадыл. Стæй, æнæмæнг, хъæуы дон нуазын, цæмæй организм донæй цух ма ййафа, уый тыххæй.

Дзаумæттæ ивæн ног бынæттæ, хинайæнтæ, сыгъдæг нуазыны дон. Ам ис алцыдæр. Доны хæрзхъæддзинадмæ та къуыри иу хатт æркæсынц Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды Управленийы специалисттæ. Æмæ, куыд зæгъынц, афтæмæй дзы зæрдæхсаинаг хъуыддагæй ницы ис. Уæвгæ, ууыл дызæрдыг ничи бакæндзæн.Иу ахæм фæлладуадзæн бынат ма ис БАМы районы. Аквапарчы ис цалдæр бассейны, алы кары сывæллæттæн. Сæ арф у алыхуызон. Ис ма дзы æндæр ирхæфсæнтæ дæр.

Сывæллæтты æдасдзинадыл ам тыхсын нæ хъæуы, зæгъынц специалисттæ.

30 градусы тæвды хи аирвæзын кæнынæн хуыздæр уыдзæн уазал ваннæ скæнын, кæнæ бассейны аленк кæнын. Фæлæ сæйрагдæр у бæрц зонын. Кæннод фæрынчын уæвынæн бирæ нæ хъæуы, зæгъынц специалисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania