27 июня 2019, 17:20
Æнæнхъæлæджы цауты министрад сæрмагонд ахуыртæ сарæзта ирон театры бæстыхайы
Æрымысгæ таурæгъмæ гæсгæ, театрдзауты залы æрцыд зынгсирвæзт.
Æнæнхъæлæджы цауты министрад сæрмагонд ахуыртæ сарæзта ирон театры бæстыхайы.
Æрымысгæ таурæгъмæ гæсгæ, театрдзауты залы æрцыд зынгсирвæзт. Сбæрæг æй кодта театры директор æмæ телефонæй бадзырдта иумæйаг диспетчерон радхæссæн службæмæ.
Зынгхуыссынгæджыты æрбацыдмæ арт апарахат сценæ æмæ декорацитыл. Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджыты уыцы-иу рæстæг хъуыд зынг ахуыссын кæнын, стæй адæмы ракæнын. Уый тыххæй та сæ бахъуыд сæрмагонд асин. Ахуырты спайда кодтой 15 техникон иуæгæй, архайгæ та дзы кодтой 50 специалисты.




