филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:20 суббота, 31 января 2026
27 июня 2019, 17:30
Абон у кæсаг ахсыны бон

Цæгат Ирыстоны дæтты ис 20 кæсаджы хуызæй фылдæр.

Абон у кæсаг ахсыны бон. Цæгат Ирыстоны дæтты ис 20 кæсаджы хуызæй фылдæр.
Сæ фылдæр фенæн ис Бехъаны цадты. Хохаг цæугæдæтты та валергæсæгтæ. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны рæзынц кæсагдарæн хæдзарæдтæ. Ис сæм бацæуæн æмæ кæсаг ахсын кæм æхцайыл, кæм та лæвар. Бирæ ныхас цæуы электрон æнгуыртæй пайда кæныныл. Уыдон стыр зиан хæссынц доны цæрджытæн. Ацы азы райдианæй ахæм æнгуыртимæ бæрггонд æрцыд æхсæз цауы – Æрыдоны, Кировы æмæ Дыгуры районты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania