28 июня 2019, 17:00
Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл æмбырд та аргъæвтой 2 къуыримæ
Ивгъуыд къуырийы æмбырды Датиты Азæмæт куыд загъта, афтæмæй йæ бафæндыд йæ адвокаты аивын, йе нæниздзинадмæ гæсгæ.
Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл æмбырд та аргъæвтой 2 къуыримæ.
Ивгъуыд къуырийы æмбырды Датиты Азæмæт куыд загъта, афтæмæй йæ бафæндыд йæ адвокаты аивын, йе нæниздзинадмæ гæсгæ. Абоны æмбырд та фæфæстæдæр кодтой, ног адвокат хъуыддаг æххæстæй кæй нæма равзæрста, уый тыххæй. Цъыккаты Земфирæ дæр æмбырдмæ æрбацыди ног, уæлæмхасæн адвокатимæ. Куыд загъта, афтæмæй цæттæ у, сылгоймаджы бартæ хъахъхъæнынмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, тæрхон хаст куы æрцæуа, уæд бацæттæ кæндзысты адæймаджы бартæ хъахъхъæныны Европæйаг тæрхондонмæ курдиат.




