филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:26 суббота, 21 сентября 2024
01 июля 2019, 12:56
Мæздæджы сидзæр сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæм уазæгуаты æрбацыд шоколадаразæг Тауаситы Маринæ

Уый сын радзырдта йæ социалон проекты тыххæй. Куыд аразы алыхуызон адджинæгтæ æмæ йæ дæсныйадыл ахуыр кæны иннæты дæр

Æрвылазон акци «Тæрхондоны пъырыстыфтæ – сывæллæттæн» æххæстгæнгæйæ, Мæздæджы сидзæр сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæм уазæгуаты æрбацыд шоколадаразæг Тауаситы Маринæ. Уый сын радзырдта йæ социалон проекты тыххæй. Куыд аразы алыхуызон адджинæгтæ æмæ йæ дæсныйадыл ахуыр кæны иннæты дæр. Сывæллæттæ канд къафеттæ кæныны сусæгдзинæдтæ нæ базыдтой, фæлæ ма сæхи дæр бафæлвæрдтой ацы цымыдисаг дæсныйады. Урс, сау æмæ æхсырхæццæ шоколад – алкæцыдæр хъæуы хицæн температурæмæ гæсгæ фыцын. Сывæллæттæ сæ скодтой, чи куыд уарзы, афтæ – иутæ хус сæнæфсиримæ, иннæтæ æнгуызтимæ. Цалынмæ сæ конд адджинæгтæ уазал кодтой, уæдмæ та сын радзырдтой тæрхондоны пъырыстыфты архайды тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania