филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:21 суббота, 31 января 2026
01 июля 2019, 17:05
Ничи ферох, ницы ферох

Ирыхъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахиз йæ чи хсыста, уыцы хъæбатырты нæмттæ фыст æрцæудзысты, Колыты Аксойы номыл скверы цы мемориал аразынц, уым.

Ничи ферох, ницы ферох. Ирыхъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахиз йæ чи хсыста, уыцы хъæбатырты нæмттæ фыст æрцæудзысты, Колыты Аксойы номыл скверы цы мемориал аразынц, уым. Проекты автор у бынæттон цæрæг, архитектор Гæгойты Таймураз. Комплекс арæзт цæуы Ирыхъæуккæгты фæрæзтæй. Куыстытимæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд дæр.
Дудиаты Владимиры намысджын фæндаг зоны æмæ хъуыды кæны Ирыхъæуы алы цæрæг дæр. Зæронд хæстонæн уæлдай зынаргъ уыдис, Германыл фæуæлахизы кадæн майдан. Дудиаты Владимиры ныстуан йæ кæстæртæн уыдис, цæмæй йын йæ хæрзиуæг йемæ бавæрой. Йæ фæнд ын сæххæст кодтой.
Ирыхъæуæй та фронтмæ чи ацыдис, уыдоны номарынæн та сфæнд кодтой мемориал саразын. Сæхæдæг æрæмбырд кодтой æхца, сæхæдæг архайынц æппæт куыстыты
Мемориал аразынц Ирыхъæуы цæрæг, архитектор Гæгойты Таймуразы хахнывтæм гæсгæ. Уый йæхæдæг цæст дары куыстыты цыдмæ.
Мемориал саразынæй уæлдай ма цыртдзæвæныл хъæуы ныффыссын Ирыхъæуккаг æппæт хæстонты нæмттæ. Нырма уал сбæрæг сты æрмæстдæр цыппарсæдæ номы. Фæлæ сæ нымæц у бæлвырд фылдæр.
Кæд искæй хæстæг уыцы номхыгъдмæ нæ бахауд, уæд æй фæстæдæр уыдзæнис ныффыссæн. Уый тыххæй ныууаддзысты сæрмагонд бынат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania