филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:26 суббота, 21 сентября 2024
02 июля 2019, 12:35
Куыд ис иумæйаг паддзахадон фæлварæн иттæг хорз бæрæггæнæнтыл раттын, уый зоны Цæгат Ирыстоны физикон-математикон лицейы рауагъдон Царахаты Миленæ

Æрыгон чызг æнтыстджынæй фæцис музыкалон скъола, фæлæ ныр та йе ргом азæдхта бæлвырд наукæтæм

Куыд ис иумæйаг паддзахадон фæлварæн иттæг хорз бæрæггæнæнтыл раттын, уый зоны Цæгат Ирыстоны физикон-математикон лицейы рауагъдон Царахаты Миленæ. Æрыгон чызг æнтыстджынæй фæцис музыкалон скъола, фæлæ ныр та йе ргом азæдхта бæлвырд наукæтæм. Алыхуызон олимпиадæты уæлахиздзау æмбары – æнæ фæллойæ йæ къухы кæй ницы бафтыдаид, уый. Ныртæккæ дæр æм ис бæллицтæ æмæ фæндтæ. Цавæртæ, уый тыххæй бæлвырддæр – Гуытъиаты Алинæ.

Ай та уын Элизæмæ æрвыст Царахаты Миленæйæ. Чызг æнтыстджынæй фæцис музыкалон скъола, фæлæ йын йæ уарзон музыкалон инструментыл цæгъдынмæ рæстæг нæй. Миленæ йæхи нывонд кæны бæлвырд наукæтæн. Нымæцтæ æмæ формулæты республикæйы физикон-математикон лицейы рауагъдон уыны алæмæты музыкæ æмæ æнкъарæнтæ. Чи зоны, æмæ уый руаджы йæ къухы бафтыд иумæйаг паддзахадон фæлварæны информатикæйæ сæдæ баллы райсын, математикæйæ та нæуæдз фараст.

Физикон-математикон лицеймæ Миленæйы йæ зæды хай æрбакодта — зæгъы йæ мад Ольга Кочуренко. Æнæ лицей, гæнæн ис, æмæ чызджы курдиæттæ æмбæхстæй баззадаиккой.

Алыхуызон олимпиадæты уæлахиздзау æмбары — æнæ фæллойæ йæ къухы кæй ницы бафтыдаид, уый. Чызг-иу цалдæргай бонты бадтис, скъолайы программæйы дæр чи нæ уыд, ахæм хæслæвæрдтыл. Афтæ æхсыст йæ уæлахизмæ тырнынад.

Олимпиадæты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, курдиатджын чызджы бафиппайдтой Мæскуыйаг ахуыргæнæндæттæ. Кæд æмæ рауагъдон фæлварæнты бæрæггæнæнтæ бæлвырд нæма уыдысты, уæддæр æм æрвыстой хуынды гæххæттытæ, цæмæй чызг уæлдæр ахуырад уыдонмæ райса. Алы ахуыргæнæндон дæр ын цæттæ у раттын стипенди æмæ æмдзæрæны бынат. Миленæ тагъд нæ кæны. Чызгмæ ис бæллиц, йæхи фæндтæ. Фæлæ сæ хъæр никæмæн кæны. Фæлæ иумæйаг паддзахадон фæлварæн æнцонæй куыд радтай, уый сусæгдзинад та æргом кæны цæстуарзонæй.

Нæ бæстæйы раззагдæр ахуыргæнæндæттæй иу ын йæ гæххæттытæ райсдзæн æви нæ, уый нырма бæрæг нæма у. Фæлæ Миленæ зоны, йæ цард наукæйæн æмæ йæ бæстæйы хæрзæбонæн кæй снывонд кæндзæн, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania