филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:43 суббота, 31 января 2026
09 июля 2019, 13:28
Национ парк «Алани»-йы кусын райдыдта экологон – рухстауæн лагерь

Архайынц æппæт бæстæйы бархионтæ

Национ парк «Алани»-йы кусын райдыдта экологон – рухстауæн лагерь. Архайынц æппæт бæстæйы бархионтæ. 10 чызджы ныронг систы командæйы уæнгтæ æмæ парчы кусджытæн æххуыс кæнынц алыхуызон цымыдисаг маршруттæ аразынæн. Цавæр куыст ма кæнынц, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Гуытьиаты Алинæ.

Куысты бæрæггæнæнтæн хатдзæгтæ скæнын æмæ ног бонæн нысантæ фæбæрæг кæнын. Алы райсом дæр ацы фæсивæд æрбамбырд вæййынц стъолы уæлхъус. Адон сты нæ бæстæйы алы регионтæй бархионтæ. Æрбацыдысты Дыгургоммæ, цæмæй саив кæной, Гæлæузы донхауæнмæ цы экологон-туристон фæндаг цæуы, уый. Æххуыс та сын кæнынц национ парк Аланийы æмæ уырыссаг географион æхсæнады минæвæрттæ.

Экологон-рухстауæн лагерь аразынц æртыккаг хатт. Райдыдта фыццæгæм июлы. Ацы хатт фæсивæды архайдыл цæст не ххæссы. Бархионтæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ сæрæндзинады аххосаг у – алфамблай æрдз æмæ хæххон уæлдæф. Ноджы ма сæ иумæйаг куыст кæрæдзиуыл бæтты.

Фæндаджы былгæрæтты тагъд рæстæг сæвæрдзысты бадæн бынæттæ. Фæлæ ныридæгæн донхауæнмæ бацæуæн йæ хуыз аивта. Цæуы йæм æрмæстдæр иу къахвæндаг. Гуыргъахъ кæй у, уый тыххæй йæ бынæттон цæрджытæй бирæтæ нæ зыдтой. Туристтæ та уæлдайдæр. Фæлæ цыппар бонмæ бархионтæ къахвæд расыгъдæг кодтой, фæфидар кодтой тæссаг бынæттæ æмæ скодтой доны сæрты хидтæ. Куыстытæ нырма сæ тæмæны сты. Дарддæр райдайдзæн зындæр æмæ ахсджиагдæр куыст. А-дыууæ боны бархионтæ бахæццæ уыдзысты фæндаджы кæронмæ æмæ дзы рауаддзысты æфсæйнаг трос. Уый руаджы донхауæнмæ уыдзæнис æнцондæр æмæ æдасдæрæй бацæуæн. Цыппæрдæсæм июлы та кадджын уавæры байгом кæндзысты ног, æнцонархайд экологон-туристон маршрут Гæлæузмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania