10 июля 2019, 13:00
Кавказы æппæт республикæты фæсивæд архайынц æвзонг ирвæзынгæнджыты конкурсы
100 -йæ фылдæрæй ныртæккæ сты Елхоты
Кавказы æппæт республикæты фæсивæд архайынц æвзонг ирвæзынгæнджыты конкурсы. 100 -йæ фылдæрæй ныртæккæ сты Елхоты. Ам ерыс кæндзысты зынгхуыссынгæнынæй, доны чи ныгъулы, уыдоны ирвæзын кæнынæй, стæй æнæ уавæртæй æрдзы хъæбысы цы мадзæлттæ аразынц, уымæй. Лæппутæ хизынц цæлхдурты сæрты, рæстæгмæ гæсгæ бæттынц бæндæнтæ æмæ æвдисынц сæ арæхстдзинад ирвæзынгæнæн кусæнгæрзтимæ. Ерыстæ аразджыты хъуыдымæ гæсгæ ахæм мадзæлтты фæрцы алы регионты фæсивæд кæнынц æнгомдæр, стæй зонгæ кæнынц кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ, традицитæ æмæ æгъдæуттимæ.




