филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:53 суббота, 21 сентября 2024
10 июля 2019, 13:03
Сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани нæ республикæйы куыд цæуы, ууыл ныхас кодтой ведомствоты хсæн къамисы æмбырды

Амыдта йæ вице-премьер Азымты Иринæ

Сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани нæ республикæйы куыд цæуы, ууыл ныхас кодтой ведомствоты хсæн къамисы æмбырды. Амыдта йæ вице-премьер Азымты Иринæ. Куыд радзырдтой, афтæмæй сывæллæттæн æмбæлгæ уавæртæ бацæттæ кæныныл бакуыстой 176 организацийы. Се хсæн 164 – кæстæртæ боныгон кæм вæййынц, ахæмтæ. Цæгатирыстойнаг сывæллæттæ сæ фæллад уадзынц Краснодары крайы Сау денджызы был санаторон-дзæбæхгæнæн лагерьты. Æдæппæтæй сты 1888 сывæллоны, сæ фылдæр – фæкæсынхъуаг бинонтæй. Кæстæртæ сæ фæллад кæм уадзынц, уым конд æрцыдысты æмбæлгæ уавæртæ, æнæ къуылымпытæй кусы чырæ бастдзинæд, видеоцæстдарды системæ. Республикæйы фæллойы æмæ социалон рæзты министр куыд радзырдта, афтæмæй 2019-æм азы дзæбæхгæнæн кампанийы рæстæг æппæт лагерьты дæр бакуыстой хæрзад хæринаг кæныныл. Уыимæ хынцтой дохтырты-диетологты амынддзинæдтæ. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад та бакуыста медицинон фарстатыл. Сæрдыгон-дзæбæхгæнæн кампании æххæст кæнгæйæ ма арæзт æрцыдысты профилон тематикон фæлтæртæ дæр. Аæтæмæй æххæстгонд цæуынц алыхуызон хъомыладон программæтæ, æмæ бæрæг кæнынц сывæллæтты сфæлдыстадон гæнæнтæ æмæ курдиат. Хæххон лагерьты та арæзт æрцыд фыццаг сæрмагонд фæлтæр 750 адæймагæн республикон спортивон скъолатæй, къордтæй æмæ секцитæй, стæй олимпаг резервы скъолатæй. Азымты Иринæ куыд загъта, афтæмæй æнæмæнг рæстæгæй-рæстæгмæ хъæуы санитарон домæнтæ æмæ фæтк бæрæг кæнын. Æмбырды ма загътой, лагерь «Медиакэмп»-ы цы курдиатджын сывæллæттæ архайдзæн, уыдон кæй хъæуы дзæбæхгæнæндæттæм путевкæтæ раттын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2007-æм азæй фæстæмæ, Паддзахадон программæ æххæст кæнгæйæ, кусы профориентацион фæсивæдон лагерь «Медиакэмп». Йæ сæйраг нысан у кæстæрты дзыллон информацийы фæрæзты куыстимæ зонгæ кæнын, коммуникацион зонындзинæдтæ сын дæттын æмæ литературон зонындзинæдтæ æргом кæнын. Иу фæлтæры ис 25 адæймаджы. Лагерь алы аз дæр кусы Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславы æххуысæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania