филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:39 суббота, 21 сентября 2024
10 июля 2019, 18:18
Æрыдоны кæронмæ фæхæццæ кæны районы центрон рынчындоны цалцæг

Ныртæккæ дзы цæуынц мидæггаг аивгæнæн куыстытæ, зилынц ын йæ алфамблай территоримæ

Æрыдоны кæронмæ фæхæццæ кæны районы центрон рынчындоны цалцæг. Ныртæккæ дзы цæуынц мидæггаг аивгæнæн куыстытæ, зилынц ын йæ алфамблай территоримæ. Уый фæстæ специалисттæ райдайдзысты ног кусæнгæрзтæ æвæрын. Объект эксплуатацийы раттынмæ хъавынц фæззæджы. Уый тыххæй Æрыдоны районы сæргълæууæг Тотраты Владислав фехъусын кодта республикæйы разамонæг Битарты Вячеславимæ кусæг фембæлды. Ныхас ма цыд, сæрмагонд документтæ бацæттæ кæныныл, цæмæй Æрыдоны район 2020-æм азмæ нысанмæ арæзт федералон программæты архайа, уый тыххæй. Уымæй дарддæр æххæстгонд цæудзысты, ныридæгæн чи райдыдта, уыцы проекттæ. Афтæ иннæ аз Æрыдоны аразын райдайдзысты нырыккон спортивон комплекс. Тотраты Владислав куыд фехъусын кодта, афтæмæй ма Красногоры та райдайдзысты амбулатори аразын. Фадат дзы уыдзæн иу бонмæ 50 адæймагæн балæггад кæнынæн. Мичуриныхъæуы та дарддæр аразынц скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндон. Ацы аз уæлæмхасæн бæстыхай фæзындзæн Æрыдоны рæвдауæндоны. Цæудзæн æм, 3 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 55 сабийы. Районы ма дарддæр бындуронæй араздзысты фæндæгтæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania