филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:54 суббота, 21 сентября 2024
10 июля 2019, 18:22
Проект «Хицауадимæ æргом ныхас» æххæст кæнгæйæ, журналистты фæрстытæн дзуæппытæ лæвæрдта Тедеты Руслан

Раздæр уал министр радзырдта, ведомство ныртæккæ цы куыст кæны, уый тыххæй

Проект «Хицауадимæ æргом ныхас» æххæст кæнгæйæ, журналистты фæрстытæн дзуæппытæ лæвæрдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон исбоны æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан. Раздæр уал министр радзырдта, ведомство ныртæккæ цы куыст кæны, уый тыххæй. Бæлвырддæр та – кадастры хыгъды сæвæрдтой совхозы зæххытæй 500 гектары, æмæ ахæм куыст цæудзæн дарддæр. Ам ныхас цæуы 2017-æм азы инвентаризацийыл. Уый æххæст кæнгæйæ, рабæрæг кодтой зæххы хæйттæ, сæ арæнтæ паддзахадон кадастры кæмæн не сты, ахæмтæ. Ныхас цыд хъæууонхæдзарадон зæххытæй æнæ ахадгæ пайда кæныныл дæр. Битарты Вячеслав йе рвылазон ныстуаныхицауадæн æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæн бабар кодта ахæм цаутæ бæстондæр рабæрæг кæнын. Тедеты Руслан куыд загъта, афтæмæй ныры онг ведомство скодта 60 бæрæггæнæн цауы. Уымæй дарддæр мин гектары радих кæндзысты лæвар цæрджытæн сæ фос хизынæн. Иннæ ахсджиаг фарста – æртæ æмæ фылдæр сывæллоны кæмæн ис, ахæм бинонтæн зæххы хæйттæ радих кæнын. Министр радзырдта, ныридæгæн 98 бинонтæн зæххытæ радтой Дзуарыхъæуы, ноджыдæр ма 78 бинонтæн зæххытæ ратдзысты Джызæлы. Райсдзысты сæ ацы аз. Ныхас ма цыд «Æрыгон бинонтæн цæрæнуæттæ дæттыны» программæ царды куыд уадзынц, ууыл дæр. Тедеты Русланы хъуыдымæ гæсгæ, 50 бинонтæ ныридæгæн райстой фæйнæ 12 сотыхы зæххы хæйттæ, æппæт æмбæлгæ инфраструктурæимæ. Уымæй дарддæр министр загъта Фæсивæдон послочы цæрджыты фарста дæр лыггонд кæй æрцыд, уый. Нырæй фæстæмæ хæсдзæн Джызæлы Молодежныйы уынджы ном, официалон æгъдауæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania