филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:50 суббота, 21 сентября 2024
10 июля 2019, 18:23
Уæрæсейы Федерацийы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ ссыдысты Кавказы æфцæджы дыууæ цъупмæ

Ныртæккæ хæссынц, 2004-æм азы Беслæны теракты чи фæмард, уыцы ирвæзынгæнджытæ Дмитрий Кормилин æмæ Валерий Замараевы нæмттæ

Уæрæсейы Федерацийы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ ссыдысты Кавказы æфцæджы дыууæ цъупмæ. Ныртæккæ хæссынц, 2004-æм азы Беслæны теракты чи фæмард, уыцы ирвæзынгæнджытæ Дмитрий Кормилин æмæ Валерий Замараевы нæмттæ. Хохы фæхсты сын сæвæрдтой номарæн фæйнæджытæ. Ацы экспедицимæ министрады специалисттæ сæхи бирæ рæстæг цæттæ кодтой. Фæцыдысты уал æм æнæхъæн бон, цалынмæ сыл не рбахсæв, уæдмæ. Уый фæстæ ирвæзынгæнджытæ комы сæхицæн райхæлдтой лагерь. Экспедицийы иумæ сты центр «Спас»-ы специалисттæ æмæ цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ. Командæ балцмæ рацыд, хуры скасты размæ. Хъуыди сæ бирæ километрты сæрты ахизын. Уыимæ дуртæ æмæ миты къуыбыртыл хизгæйæ. Æппæтæй зындæр уыди кæроны, уымæн æмæ хохы фахсыл дуртæ згъæлгæ кæнынц. Алы къахдзæф дæр хъæуы хъавгæйæ кæнын, цæмæй мацы зиан æрцæуа, уый тыххæй. Фæлæ хохы цъупмæ куы схæццæ сты, уæд банкъардтой уазал уæлдæфы температурæ æмæ тыхджын дымгæ. Ирвæзынгæнджытæ ардæм систой, 6 килограммы чи ласы, ахæм æфсæйнаг. Фыст дзы ис се дзард æмбал Дмитрий Кормилины рухс ном. Фæйнаг бафидар кодтой къæдзæхыл, 4 мин метры бæрзæндыл. æмæ нырæй фæстæмæ хæсдзæн Дмитрийы ном. Ахæм номарæн фæйнæг сæвæрдтой сйæ фарсмæ хохы цъуппыл дæр. Уый та хæсдзæн ирвæзынгæнæг Валерий Замараевы ном. Ацы бæрзæндмæ ис дыууæ маршруты: альпинистон æмæ туристон. Номарæн фæйнæджытæ фендзæн æмæ йæ зæрдыл бадардзæн алчи дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania