филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:30 суббота, 21 сентября 2024
11 июля 2019, 12:55
Цæгат Ирыстоны арæзт цæудзысты фæсивæды æфсæддон службæмæ цæттæ кæныны зоналон центртæ

Ацы фарстайыл ныхас цыди ахуырады æмæ наукæйы министр Азымты Иринæйы разамындæй цы æмбырд ацыди, уым

Цæгат Ирыстоны арæзт цæудзысты фæсивæды æфсæддон службæмæ цæттæ кæныны зоналон центртæ. Ацы фарстайыл ныхас цыди ахуырады æмæ наукæйы министр Азымты Иринæйы разамындæй цы æмбырд ацыди, уым. Фыццаджыдæр хъæуы материалон-техникон бындур баххæст кæнын. Парламенты депутат Хъантемыраты Барисы ныхæстæм гæсгæ, гæнæн ис, Дзæуджыхъæуы, Æрыдоны, Беслæны æмæ Мæздæджы ДОСААФы дæлхайады техникон базæйæ спайда кæнын. Бакуыстой хъæрзхъæд методикон фæрæзтыл. Хæстæгдæр рæстæг, æфсæддон комиссарады кусджытæ, 58-æм æфсады афицертæ, ахуырады æмæ наукæйы министрады минæвæрттæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнгтæ бабæрæг кæндзысты районтæ, æмæ фембæлдзысты рæзгæ фæлтæримæ. Афтæмæй æрцæудзысты иумæйаг хъуыдымæ, æмæ скæндзысты сæ дарддæры куыстæн бæлвырд пълан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania