филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:29 суббота, 21 сентября 2024
12 июля 2019, 15:56
Дыууæ мæйæ фылдæр, Мæздæджы, Кировы æмæ Рахизфарсы районты нæ уыд уарын æмæ зæххытæ бахус сты

Уый стыр зиан хæссы хъæууон хæдзарадæн

Дыууæ мæйæ фылдæр, Мæздæджы, Кировы æмæ Рахизфарсы районты нæ уыд уарын æмæ зæххытæ бахус сты. Уый стыр зиан хæссы хъæууон хæдзарадæн. Ахæм уавæр нæ уыд фæстаг 8 азы, зæгъынц специалисттæ. Куыд тыхсынц фермертæ æмæ цавæр мадзæлттæ хъæуы саразын, уый тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Ставд-Дурты донæфсадæн системæмæ хъуамæ Урухы донæй цыдаид. Фæлæ дондзæуæн хæтæлтæ æртын азæй фылдæр сты заууат уавæры. Уый тыххæй ацы донæфсадæн дзаг кæны æрмæстдæр къæвдаты фæрцы. Ууыл-иу дардтой сæ ныфс бынæттон фермертæ. Фæлæ сæ ацы аз къæвдайы дон фæсайдта. Æртæ мæйы дæргъы уыд хус рæстæг. Майæ фæстæмæ уæлдæфы температурæ цыппор градусæй нæ фæкъаддæр. Тыллæджы æвдай проценты фесæфтис. Хъæуы та нырмæты нымайынц, боныхъæд сын цы зиан æрхаста, уый.

Бокоты Тамерлан куыд зæгъы, афтæмæй нартхоры куыстæй дарддæр дары стурвос. Уый хыгъд æрдзон фыдбылызæй уыйбæрц хъыгдард нæ баййафдзæн. Фæлæ Ставд-Дурты иннæ цæрджыты ныртæккæ хъæуы компенсаци. Къæвда куы рауара, уæддæр сæ уавæр нæ фæхуыздæр уыдзæнис.

Ставд-Дуртæй уæлдай ма хус рæстæгæй хъыгдард баййæфтой иннæ хъæутæ дæр. Цалдæр мæйы кæй не руарыд, уый тыххæй республикæйы скодтой æнæнхъæлæджы уавæр. Æдæппæтæй хъыгдард баййæфтой æвдай авд мин гектары. Уыдон сты Кировы, Мæздæджы æмæ Рахизфарсы районтæ. Хъæууон хæдзарады министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй зианы бæрц у иу миллиард сомы.

Ведомствойы куыд бахахх кодтой, афтæмæй дарддæр бæрæг кæндзысты, республикæйы мелиорацийы системæ цæуылнæ æркуыста, уый. Хъуыддаг æвзарын райдайдзысты, æнæнхъæлæджы уавæр куыддæр сисой, афтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania