филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:42 суббота, 21 сентября 2024
12 июля 2019, 16:00
Дæргъæвæтин рæстæджы фæстæ горæты æфсæнвæндагмæ рацыд 14-æм ног цалцæггонд трамвай

Базылдысты йæм æнæбюджетон фæрæзтæй æмæ «Владтрамвай»-йы кусджыты фæрцы

Дæргъæвæтин рæстæджы фæстæ горæты æфсæнвæндагмæ рацыд 14-æм ног цалцæггонд трамвай. Базылдысты йæм æнæбюджетон фæрæзтæй æмæ «Владтрамвай»-йы кусджыты фæрцы. Хи къухтæй æмбырд трамвай горæтæн у стыр лæвар. Фæрæзтæ та – 10 милуан сомы, радих кодта амалхъом адæймаг. Ныронг цы 14 трамвайы сцалцæг кодтой, уыдон сæрмагонд куыстуаты куы арæзтаиккой, уæд сын æппын къаддæр бахъуыдаид 168 миуан сомы. Уымæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис раарфæ кодта «Владтрамвай»-ы фæллойгæнджытæн. Загъта, ног цалцæггонд трамвайтæ горæты уынгты кæй фæзындысты сæ фæрцы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania