филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:37 суббота, 21 сентября 2024
15 июля 2019, 12:33
Ирыстоны цæрджытæ сбæрæг кодтой сæ уарзондæр бæрæгбæттæй иу Хетæджы бон

Кæд нæ республикæйы 100 адæмыхатты минæвæрттæй фылдæр цæры, уæддæр, зæгъæн ис, æмæ ацы бæрæгбон се ппæтæн дæр сси кадджын

Ирыстоны цæрджытæ сбæрæг кодтой сæ уарзондæр бæрæгбæттæй иу Хетæджы бон. Кæд нæ республикæйы 100 адæмыхатты минæвæрттæй фылдæр цæры, уæддæр, зæгъæн ис, æмæ ацы бæрæгбон се ппæтæн дæр сси кадджын. Бирæтæ сæ кувинæгтимæ ацæуынц Тымбыл хъæды дзуармæ, бафæдзæхсынц сæ бинонты, сæ хæстæджыты æмæ сæ зонгæты. Хуыцауæй фæкурынц æнæниздзинад, сабырдзинад, фарн æмæ амонд. Куыд рауад бæрæгбон ацы аз та, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Æрвылаз, фыдæй-фыртмæ Тымбыл хъæды дзуары кувынц зæххон хорзæхмæ, æнæниздзинад æмæ амондмæ. Æнусон бæлæсты хсæн ам адæймаг йæхи æнкъары æлæмæты бæстæйы. Ацы бынат дæтты тых æмæ æфтауы удварныл, æууæндын кæны, кæддæр хъæд кæй баххуыс кодта мæгуыр лæгæн. Таурæгъмæ гæсгæ Хетæг лыгъд йе знæгтæй, фæлæ йæ тыхтæ куы фесты, уæд æрхауд æмæ скуывта Лæгты дзуармæ, афтæмæй хъæды иу хай фестад ацы ран

Тымбыл хъæды бæрæгбон Ирыстоны бæрæг кæнынц рагæй. Æрбахæссынц 3 чъирийы, бæгæны æмæ нывонды дзидза. Бирæтæн ацы бæрæгбон баст у нæ рагфыдæлты традицитимæ æмæ ма суанг национ уæлæдарæс дæр бахуыйын кæнынц.

Ацы бæрæгбон у иудзинады бон. Бæрæг æй кæнынц Ирыстоны цæрæг алы нациты минæвæрттæ. Сæрмагондæй ссæуынц æндæр горæтты цæрæг ирæттæ. Сеппæтæн дæр раарфæ кодтой нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

Æппæтæй фылдæр адæм æрбацæуынц ацы бон, нымад у Хетæджы ирвæзынгæнæн боныл. Фæлæ къохмæ æрбацæуынц хуымæтæг бон дæр, цæмæй бафæдзæхсой сæ рынчынты, бæлцæтты, кæнæ ахсджиаг хъуыддаг куыд фæрæстмæ уа, уый тыххæй. Ахсджиаг у, цæмæй сæ куывд цæуа сыгъдæг зæрдæйæ æмæ уæд æнæмæнг фæндтæ сæххæст уыдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania