16 июля 2019, 12:53
Беслæны сывæллæттæн байгом кодтой ног хъазæн фæз
Ис Первомайскæйы уынджы
Беслæны сывæллæттæн байгом кодтой ног хъазæн фæз. Ис Первомайскæйы уынджы. Ахæм хорзæхмæ ам рагæй æнхъæлмæ кастысты. Ныр сæ бæллиц сæххæст парти «Рæстад Уæрæсе»-йы депутат Алыккаты Константиныæххуысæй. Уæрæх фæзуат арæзт уыд нырыккон домæнтæ æххæстгæнгæйæ, æмæ дзуапп дæтты æдасдзинады мадзæлттæн. Ацы уынджы цæрджытæ хи хъаруйæ бацархайдтой, цæмæй хъазæн фæзуат кадджын уавæры байгом кæной. Сывæллæттæ та дзы сæхи зæрдиагæй аирхæфстой.
темæмæ гæсгæ




