филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:01 суббота, 21 сентября 2024
16 июля 2019, 12:58
Доваторы проспекты 254-æм хæдзары цæрджытæ цы уавæры сты, уый санитарон эпидемиологон куысджытæ куы фениккой, уæд зæгъиккой, бæстыхай цæрынæн кæй нæ бæззы, уый

Адæм сæ зæрдæ дарынц федералон программæйыл, фæлæ дзæгъæлы. Цæй аххосагмæ гæсгæ, уый равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд.

Доваторы проспекты 254-æм хæдзары цæрджытæ цы уавæры сты, уый санитарон эпидемиологон куысджытæ куы фениккой, уæд зæгъиккой, бæстыхай цæрынæн кæй нæ бæззы, уый. Хъуына æмæ уымæл уæлдæф дзы кæнынц паддзахиуад. Уымæ гæсгæ ам арæх рынчын кæнынц сывæллæттæ æмæ хистæртæ дæр. Адæм сæ зæрдæ дарынц федералон программæйыл, фæлæ дзæгъæлы. Цæй аххосагмæ гæсгæ, уый равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Æмæ ныхасы бар Гутьиаты Алинæйæн.

Уымæлæй хъыгдард цартæ æмæ къултæ — уый уын Доваторы проспекты дыууæсæдæ фæндзай цыппæрæм хæдзармæ иумæйаг бацæуæн. Фæлæ хæдзæртты дæр уавæр хуыздæр нæу. Сылгоймæгты раздæры æмдзæрæн сарæзтой 1971 азы, цæмæй дзы завод Янтары кусджытæ рæстæгмæ æрцæрой, уый тыххæй. 1984 азы хæдзар банымадтой, цæрынæн чи нæ бæззы, ахæмыл. Уæд хъуамæ йæ цæрджытæн радтаиккой ног цæрæнуæттæ, фæлæ æрлæууыд рацарæзты дуг, æмæ уый хыгъд хæдзар æмæ йæ цæрджытæ рохуаты баззадысты. Ныр дæр ма дзы цæрынц, фæлæ куыд уынут, афтæмæй дзы ис тынг æвзæр уавæртæ.

Цæрджытæ иу æмæ дыууæ хатты не сцалцæг кодтой хæдзар сæхи тыхтæй. Баивтой йын йæ цар, фæлæ сын нал баххуыс. Къæвда куы рауары, уæд агъуыстытæ тæдзынæг фестынц. Ноджы ма иу бæллæх-дон фæхæццæ электрон телтæм æмæ у зынгсирвæзтæй тæссаг.

9 азы дæргъы цæрджытæ цæгъдынц фæдисы дзæнгæрджытæ, лæгъстиаг сты алы организацитæн, фæлæ æфсоны ныхасæй дарддæр ницы райстой. 2017 азы хæдзар банымадтой кæлæддзагыл æмæ сын хъуамæ 2018 азы æндæр цæрæнуæттæ ражтаиккой, фæлæ… фæлæ та хъуыддаг нæ сырæзт.

Раздæры æмдзæрæн федералон программæтæм нæ хауы. 2025 азмæ хæдзæрттæ дæтдзысты, 2012 азы 1 январæй фæстæмæ 2017 1 январмæ кæлæддзагыл кæй хæдзæрттæ банымадтой, уыцы цæрджыты.

Кæд федералон программæмæ гæсгæ адæмы ног хæдзæрттæм нæ ралидзын кæндзысты, уæддæр горæты администраци зæрдæ æвæры, хъуыддаг кæй æвзары, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania