филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:30 суббота, 31 января 2026
16 июля 2019, 17:00
Тæдзынæгæй – цыхцырæгмæ

Чысыл къæвда дæр Виноградныйы уынджы цæрджытæн вæййы æрдзон фыдбылызы хуызæн.

Тæдзынæгæй – цыхцырæгмæ. Чысыл къæвда дæр Виноградныйы уынджы цæрджытæн вæййы æрдзон фыдбылызы хуызæн. Ам алы аз дæр баивынц сæ хæдзары дзаумæттæ æмæ техникæ. Цæмæ гæсгæ сæвзæры ахæм уавæр, уый равзарыныл бацархайдта Джыбызты Зæринæ.
Булацаты Неляйæн йæ цæстысыгтæ зын уромæн сты, йæ хæстæджы хæдзары цытæ цæуы, ууыл дзургæйæ. Виноградныйы уынджы хæдзар доны бын фæвæййы алы уарыны фæстæ дæр. Дысон райсомы цыппар сахатыл æстайаздзыд Цомайты Зойæ бахъуыд йæ хæдзарæй ацæуын. Уыимæ – рудзынджы уылты. Æвæстиатæй фæйнæджытæ айстой. Уымæн æмæ дзы дон æрæмбырд метр æмæ рдæджы онг. Ног пъол саразæн дзы нæй. Зæхх нырма уымæл у. Уæдæ боныхъæд дæр нырма дызæрдыггаг. Алы бон дæр тæссаг у къæвдатæ уарынæй. Ныр та алы хатт хъæуы хæдзары хъæддзаума, техникæ æмæ æндæр кусæнгæрзтæ ног кæнын. Пъадвалы дон ныр дæр йæ тæккæ дзаг.
Алы уаргæ бон дæр хæдзары бындур згъæлы, зæронд фæйнæджытæ та хъуына æмæ уымæл. Сылгоймаг тæрсы, хæдзар кæй ныккæлдзæн, уымæй. Сæ хъаст администрацимæ дæр бахастой. Горæты разамынд сын цалдæр хатты бафыста компенсаци. Фæлæ уый æппæт куыстытæ бакæнынæн не сфаг ис. Хæдзар йæхæдæг ис бынноз æвæрд. Дæс метры фалдæр та ис къæвдадон æмбырдгæнæн, фæлæ æппæт дæттæм нæ сарæхсы.
Ныртæккæ администрацийы æвзарынц, коллектор цæуыннæ кусы, уый. Цомайты Зойæ рæстæгмæ æрбынат кодта йæ хæстæджытæм. Йæхи хæдзармæ кæд раздæхдзæн, уый нырма зын зæгъæн у.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania