филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:50 суббота, 21 сентября 2024
17 июля 2019, 13:22
Цæгат Ирыстоны кусын райдыдта ног рæвдауæндон

Ис дзы 280 бынаты. Скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндон арæзт æрцыд федералон программæмæ гæсгæ, æмæ дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй Цæгат Ирыстоны кусын райдыдта ног рæвдауæндон. Ис дзы 280 бынаты. Скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндон арæзт æрцыд федералон программæмæ гæсгæ, æмæ дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. 5 корпусы, бассейн, музыкалон кабинет, спортивон зал, медицинон блок, ирхæфсæн æмæ тезгъогæнæн фæзтæ. Æппæт ацы хъуыддæгтæн аргъ скодта Гуытъиаты Алинæ.

Скъолайы агъоммæйы ахуырады нырыккон домæнтæм гæсгæ хъуамæ хъомылгæнæг сывæллонимæ æдзух ныхæстæ кæна, фæлæ уыцы мадзал алкæд хорз бæрæггæнæнтæ нæ равдисы — зæгъы Маргаритæ Стеблина. Сывæллæттимæ кусы бирæ азты æмæ йæ фæлтæрддзинады руаджы æрхуъыды кодта хъомылады ног методикæ. Æнтыстджынæй дзы пайда кæны сывæллæтты рæвдауæндон Суадоны. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы ахуыргæнæндон домы инновацион мадзæлттæ.

Рæвдауæндоны ис бынат дыууæсæдæ æстай сывæллонæн. Ныртæккæ дзы ис æрмæстдæр сæдæ цыппор. Сывæллæттæм цæст дарынц æстай специалисты. Ног ахуыры азмæ сæ нымæц фæфылдæр уыдзæнис дыууæ хатты. Сывæллæттæ ам нырма æртыккаг бон сты, фæлæ сæ уавæртæй сты тынг разы.

Сывæллæттимæ разы сты ныййарджытæ дæр. Зонынц æй, рæвдауæндоны сывæллæттæм канд цæст нæ дарынц, фæлæ ма сæ цæттæ кæнынц скъоламæ, æмхиц сæ кæнынц спортмæ æмæ музыкæмæ.

Рæвдауæндоны хæрæндон кусы автоматикæйы фæрцы. Æппæты раззагдæр æмæ ногдæр технологитæ æххуыс кæнынц хæринаггæнджытæн сæ куыст фæахадгæдæр кæнын. Уый фæрцы диетологæн дæр фæзыны уæлæмхасæн рæстæг, цæмæй ног хæринæгтæ æрхъуыды кæна, уый тыххæй — зæгъы Кæркуысты Лайлæ.

Сывæллæтты рæвдауæндон Суадон сарæзтой федералон программæйы фæлгæты. Арæзтадмæ æдзух йæ цæст дардта республикæйы разамынд. Архайдтой, цæмæй сабитæн уой æппæты хуыздæр уавæртæ.

«Суадоны» администраци кусы йæ дарддæры райрæзтыл. Тагъд рæстæг хъуамæ фембæлой Уæрæсейы ахуырады министрады минæвæрттимæ. Сæ курдиат уыдзæнис, цæмæй рæвдауæндоны бындурыл саразой технопарк Кванториум æмæ нымæцон лаборатори.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania