17 июля 2019, 17:00
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд дзуæрттимæ традицион цыд
Афтæмæй ссардтой фæстаг уырыссаг паддзахы бинонты хъизæмаргæнджыты нæмттæ.
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд дзуæрттимæ традицион цыд.
Афтæмæй ссардтой фæстаг уырыссаг паддзахы бинонты хъизæмаргæнджыты нæмттæ. Æврихъауæй фæмард сты 101 азы размæ. Чырыстон диныл хæст адæм ацыдысты горæты уынгтыл, сæ къухты дзуарынывтæ хæсгæйæ, афтæмæй. Боныхъæд дæр сæ нæ бахъыгдардта. 200 адæймаджы бахæццæ сты Георгий Уæлахизхæссæджы номыл аргъуанмæ. Уым арæзт æрцыд номарæн аргъуыд. Се ппæтæн дæр фадат уыд рагон дзуарынывтыл андзæвынæн.




