Турниры арæзт цæуы Уæрæсейы ацы спорты хуызы ассоциацийы, Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты министрады æмæ нæ республикæйы гольфы Федерацийы хъæппæрисæй
Дзæуджыхъæуы Терчы былгæрон райдыдта Уæрæсейы 15-æм чемпионат мини-гольфæй. Турниры арæзт цæуы Уæрæсейы ацы спорты хуызы ассоциацийы, Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты министрады æмæ нæ республикæйы гольфы Федерацийы хъæппæрисæй. Ерысты архайынц нæ бæстæйы горæтты тыхджындæр 40 спортсмены. Се хсæн 9 спорты мастеры æмæ бирæ æндæр номдзыд спортсментæ. Финалон хъæзтытæ уыдзысты хуыцаубоны. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ сараздзысты Уæрæсейы иугонд командæ æмæархайдзысты æппæтдунеон чемпионаты, уыдзæн октябры, Китайы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Дзæуджыхъæуы сæрмагонд фæзы ахæм æмвæзадыл ерыстæ уыдысты 2 азы размæ дæр.