филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:54 понедельник, 02 ноября 2026
23 октября 2026, 10:54
Дигорайы уыд Дыгуры районы раздæры сæргълæууæг Бердиты Солтаны номарæн 12-æм турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

Ерыс кодтой 11-12 азы кары лæппутæ

Дигорайы уыд Дыгуры районы раздæры сæргълæууæг Бердиты Солтаны номарæн 12-æм турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыс кодтой 11-12 азы кары лæппутæ. Æддæпæтæй 180 архайæджы Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй. Уæлахиздзауты æмæ призерты сбæрæг кодтой 10 уæзы категорийы. Схорзæхджын сæ кодтой майдантæй, дипломтæй æмæ лæвæрттæй. Мадзаларазджытæ ма снысан кодтой сæрмагонд призтæ: «Хуыздæр техникæйы тыххæй», «Уæлахизмæ тырнындзинады тыххæй», «Æппæтæй æвзонгдæр архайæгæн» æмæ «Адæмы зæрдæмæ фылдæр чи фæцыд, уымæн» призтæ. Турнир ныр 12 азы æрыгон спортсменты зæрдыл лæууын кæны, куыд ахсджиаг у, йæ цард райгуырæн зæххæн лæггад кæнынæн чи снывонд кодта, уыцы адæмæн кад кæнын. Тренертæ æмæ спортсментæ дидинджытæ сæвæрдтой Бердиты Солтаны цыртдзæвæны раз Дигорайы Намысы аллеяйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania