23 июля 2019, 12:59
Ирон бæгæныйы æрвылазон конкурс арæзт æрцыд Францийы
Мадзалы архайы 40 бæгæныфыцæджы
Ирон бæгæныйы æрвылазон конкурс арæзт æрцыд Францийы. Мадзалы архайы 40 бæгæныфыцæджы. Парижæй, Лилл, Орлеанæй æмæ Францийы æндæр горæтты ирон минæвæрттæ. Конкурсы равæрдтой ирон бæгæныйы фондз хуызы. Сарæзтой йæ компаниты къорд «Бавария», республикæйы культурæйы министрад æмæ традицион культурæ æмæ этнотуризмы центр «Фарн», йе ххуысы хай бахаста Францийы ирæтты ассоциаци «Алани». Конкурсы æппæт архайджытæ дæр хорзæхгонд æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй. «Ирон бæгæны-2019»-ы финал уыдзæн 4-æм октябры Дзæуджыхъæуы.




