филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:07 суббота, 31 января 2026
23 июля 2019, 13:00
«Уæллаг Ларсы» коррупцийы ныхмæ цавæр мадзæлттæ арæзт цæуынц, ууыл æрныхас кодтой сæрмагонд къамисы æмбырды

Амыдта йæ хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз

Контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» коррупцийы ныхмæ цавæр мадзæлттæ арæзт цæуынц, ууыл æрныхас кодтой сæрмагонд къамисы æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Бæстон ныхасы архайдтой хицауады уæнгтæ, барадхъахъхъæнæг структурæты минæвæрттæ æмæ цæстдарæн ведомствоты кусджытæ. Цæгатирыстойнаг таможняйы разамонæг Сергей Троцков куыд радзырдта, афтæмæй Уæллаг Ларсы рад хæссынц 127 адæймаджы. Æппынæдзухдæр куыст цæуы дисциплинæйыл. Бæлвырддæр та – бæрнон кусджытæн арæзт цæуынц ахуыртæ коррупцийы ныхмæ закъонæвæрынад зонынæй. Алы кварталы дæр таможняйы кусджытæ ацæуынц компьютерон тестытæ дæр. Ацы азы райдианæй скодтой 60 æркасты. Уыдонæй 20 –Уæллаг Ларсы закъонхæлдтытæ кæй æрцыд, уымæ гæсгæ. Дисциплинарон æфхæрд баййæфтой 32 цауы фæдыл. Къамисы уæнгтæ ма снысан кодтой дарддæры мадзæлттæ, цæмæй коррупцийы ныхмæ ахадгæдæр куыст цæуа, уый тыххæй. Хъуамæ коррупцийæн бынат ма уа, уæлдайдæр та бæлццæттæ æмæ уазласæн транспорты нымæц зынгæ куы фæфылдæр вæййы, уæд. Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейæ фæцæуынц Фæскавказы æмæ Хæстæг Скæсæны бæстæтæм, стæй фæстæмæ цæугæйæ дæр. Арвы комы фæндагмæ, Дзæуджыхъæуæй Уæллаг Ларсы онг æппынæдзухдæр арæнхъахъхъæнджыты рдыгæй вæййы лæмбынæг цæстдард. Республикæйы мидхъуыддæгты министрады разамынды уынаффæмæ гæсгæ йæм сæ цæст дарынц фæндаггон-патрулон службæйы 5 мобилон экипажы, æмæ дзы сæвæрдтой 6 видеокамерæйы. Æмбырды ма къамисы уæнгтæ стыр æргом аздæхтой 2025-æм азмæ бюджетон фæрæзтæ ахадгæйæ пайда кæнынмæ. Ныхас цыд, бынæттон аграрон кусджытæн цы субсидитæ дæттынц, уыдоныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania