филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:57 суббота, 21 сентября 2024
23 июля 2019, 13:02
Ног ахуыры азмæ 2000 сывæллонæн балæвар кæндзысты канцтовартæ

Ахæм хæс сæ размæ сæвæрдтой хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы уæнгтæ

Ног ахуыры азмæ 2000 сывæллонæн балæвар кæндзысты канцтовартæ. Ахæм хæс сæ размæ сæвæрдтой хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы уæнгтæ. Акци «Бацæттæ кæн сывæллоны скъоламæ» арæзт цæуы бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæн баххуыс кæныны нысанимæ. Райсдзысты йæ, ацы аз фыццагкъласон кæмæ ис, уыцы бинонтæ. Фондæн ныридæгæн баххуыс кодтой меценаттæ. Чызджытæн балхæдтой скъоладзауы формæ. Горæты зæрдæхæлар цæрджытæ дæр æрбацæуынц фондмæ, æмæ бакæнынц се ххуысы хай. Æлæхæнынц канцтовартæ. Баххуыс кæнын ма кæй фæнды, уыдонæн сæ бон у Дзæуджыхъæуы цалдæр дуканийы сæрмагонд къоппыты тетрæдтæ, фыссæнгæрзтæ æмæ хуызджын кърандæстæ сæвæрын. Се ппæт дæр сæмбæлдзысты бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонты сабитыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania