филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:03 суббота, 21 сентября 2024
24 июля 2019, 13:15
Лагерь «Металлурджы» форум «Машуккы» агъоммæ сарæзтой фыццаг ахуырадон форум «Ирон фæсивæд»

Архайдтой дзы 200 адæймаджы нæ республикæйы алы рæттæй

Лагерь «Металлурджы» форум «Машуккы» агъоммæ сарæзтой фыццаг ахуырадон форум «Ирон фæсивæд». Архайдтой дзы 200 адæймаджы нæ республикæйы алы рæттæй. Арайджытæн фадат уыдис Уæрæсейы фæсивæды федералон эксперттимæ аныхас кæнынæн. Æртæ боны дæргъы форумы архайджытæ куыстой, августы Машуккы кæй равдисдзысты, уыцы проектыл. Хъæппæрисджын фæсивæды тыххæй бæстондæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Бархион Цæллагкаты Зауыры проект Мыггаджы мæсгуытæ æнтыстджынæй æххæстгонд æрцыд. Ныртæккæ та активист архайы проекты арæнтæ фæуæрæхдæр кæныныл. Фæнды йæ, цæмæй мæсгуытæ суой Цæгат Кавказы символ Машукы форумы. Хъæппæрисы фарс рахæцыд Битарты Вячеслав.

Форум «Ирон фæсивæд» нæ республикæйы фыццаг хатт сарæзтой. Йæ архайджытæ сæхи цæттæ кæнынц, Машукы сæ хъуыдытæ æмæ хъæппæристæ равдисынмæ. Фæлæ Машукмæ ацæуыны фадад алкæйы къухы нæ бафтдзæн. Фæсивæдон театр «Амыран»-ы актер Дулаты Тугъан Цæгат Кавказы форумы архайдзæн 3-аг хатт. Фæнды йæ театралон фæсивæды фестивалы проекты фæзуат фæуæрæхдæр кæнын.

Æдæппæтæй форумы уыдис дыууæсæдæ архайæджы. Уыдонæн се стай проценты æрбацыдысты сæхи хъуыдытæ æмæ хъæппæристимæ. Фæлæ се хсæн сты, канд хи проекттæй фæстæмæ ма æнæхъæн змæлдæн разамынд чи дæтты, ахæм адæм.

Республикæйы разамонæг форумы архайджытимæ фембæлд æртыккаг, кæронбæттæн бон. Битарты Вячеславмæ фæсивæдæй бирæ фæрстытæ уыдис. Дзырдтой фæсивæдон политикæ æмæ амалхъомдзинады райрæзтыл. Ацы аз Машукынæ республикæйæ хъуамæ архайа æртæсæдæ фынддæс адæймаджы.

Форуммæ федералон экспертты æрбахонынæн бирæ цыдæртæ нæ бахъуыд. Уыдоны сæхи фæндыдис фенын, Машукмæ цы проекттæ арвитдзысты, уыдоны æмвæзад. Уæрæсейы фæсивæды специалисттæ лæвæрдтой консультацитæ, лæмбынæг кастысты проекттæм, дзырдтой сæ фиппаинæгтæ.

Кæронбæттæн бон арайджытæ хъахъхъæдтой сæ проекттæ. Æртæ боны куыд атахтысты, уый æмбаргæ дæр нæ бакодтам – зæгъынц форумы уазджытæ. Кæд сæ боныхъæд нæ барæвдыдта, уæддæр сын се нкъарæнтæ нæ фехæлдта. Архайджытæ бахастой хъæппæрис, цæмæй форум «Ирон фæсивæд» суа æрвылазон. Уыцы хъуыдыйыл се ппæт дæр сæмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania