филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:09 воскресенье, 01 февраля 2026
24 июля 2019, 17:15
Барсегянты бинонтæ Беслæнæй, бирæ азты рады лæууынц ног цæрæнуатмæ

Сæ хæдзар дыууæ хатты нымад æрцыд, цæрынæн кæй нæ бæззы, ууыл, фæлæ федералон программæмæ афтæ дæр нæ бахаудысты.

Барсегянты бинонтæ Беслæнæй, бирæ азты рады лæууынц ног цæрæнуатмæ. Сæ хæдзар дыууæ хатты нымад æрцыд, цæрынæн кæй нæ бæззы, ууыл, фæлæ федералон программæмæ афтæ дæр нæ бахаудысты.
Беслæны Торчынты æфсымæрты æхсай фарæстæм хæдзары Барсегянты бинонтæн цардысты сæ фыдæлтæ дæр. Царди дзы Ларисæйæн йæ мады фыд, уый фæстæ йæ мад, ныр та йæхæдæг, йе фсымæр, йæ фырт йæ цардæмбалимæ æмæ сæ сывæллон.
Мидæгæй æмбыд пъолтæ, æрæджы фырт фынæй кодта, афтæмæй йыл рафæлдæхт къул, бахостой йæ фæйнæгæй. Ларисæ Барсегян æвдисы бирæ гæххæттытæ æмæ акттæ æмæ алы ведомствæтæй дзуапдæттæг фыстæджытæ. Ведомствæты хсæн арзæт къамис 2 хатты банымадта, сæ хæдзар цæрынæн кæй нæ бæззы, уый.
Дыууæ мины дыккæгæм азы райстой фыстæг, æмæ дзы загъд ис – Дзæрæхохы-фырты уынджы сæрмагонд хæдзар куыддæр арæзт фæуа, афтæ сын дзы радих кæндзысты фатер. Фæлæ сæрмагонд хæдзар арæзт цыд æви нæ, стæй бинонтæн цæуыннæ радтой цæрæнуат, уый стыр фарста у. Куыд рабæрæг, афтæмæй хи хæдзæртты чи цард, æмæ йæ хæдзар кæмæн ныззауат, уыдонæн паддзахад фатертæ рагæй нæ дæтты æмæ хæстæгдæр рæстæг нæ ратдзæн, зæгъынц районы администрацийы.
Лариса Барсегян зæгъы, мин фараст сæдæ æстай æстæм азы куыд бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæ слæууыдысты рады. Рæстæг цæуы, фæлæ сæ рад нæ хæстæг кæны, хæдзар та хæлы.
Бынæттон администрацийы зæгъынц – хи хæдзæрттæ нæ хауынц «Адæмы кæлæдздзаг хæдзæрттæй хуыздæр уавæртæм ракæныны» федералон программæмæ. Бахастой йæм æрмæстдæр бирæфатерон хæдзæрттæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ бинонты кæй хъæуы сæхи хъаруйæ уавæрæй рацæуын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania