24 июля 2019, 17:20
Цæгат Кавказы Уæрæсейы гвардийы зылды ОМОНы дæлхайæдты хсæн турниры цæгатирыстойнæгтæ рамбылдтой сызгъæрин майдан
Чемпионаты архайдта 80 адæймагмæ хæстæг.
Цæгат Кавказы Уæрæсейы гвардийы зылды ОМОНы дæлхайæдты хсæн турниры цæгатирыстойнæгтæ рамбылдтой сызгъæрин майдан.
Чемпионаты архайдта 80 адæймагмæ хæстæг. Ерыс кодтой алы хæцæнгæрзтæй æхсынæй, тыхы фæлтæрæнтæй, стæй сæ ахизын хъуыд цæлхдурты сæрты.
Турниры дыккаг бынат бацахста Стъараполы командæ, Хъæрæсе-Черкеси та систы æртыккæгтæ. Чемпионаты уæлахиздзаутæ Цæгат Кавказы кад хъахъхъæндзысты æппæтуæрæсеон ерысты. Уый уыдзæн сентябры.




