филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:41 суббота, 21 сентября 2024
25 июля 2019, 13:26
Первомайскийы уынджы райдыдтой быру халын

Бирæ рæстæг тыхсын кодта хæстæгдæр хæдзæртты цæрджыты

Первомайскийы уынджы райдыдтой быру халын. Бирæ рæстæг тыхсын кодта хæстæгдæр хæдзæртты цæрджыты. Бæлвырддæр та сын ацы быру сæхгæдта къахвæндаг. Адæмæн æндæр гæнæн нæ уыди, æмæ цыдысты машинæты фæндагыл. Цæрджытæ æххуысагур сæ хъаст æрбахастой нæ телерадиокомпанимæ. Дзæуджыхъæуы Галиуфарсы префектурæ йæхимæ райста хæс алфамблай территори саив кæнын, æмæ къахвæндаг сног кæнын. Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Тротуарыл цæуыны барыл тох кæнын ацы районы цæрджытæ райдыдтой цалдæр азы размæ. Ацы быру ам куы фæзынд, уæд фистæгæцæуджыты хъуыдис йæ алывæрсты цæуын.

Адæм сæ хъаст хастой куыд горæты администраци, афтæ фæндаггон змæлды æдасдзинады паддзахадон фæндаггон инспекцимæ дæр. Социалон хызты иу равæрдтой видеотæ, цæмæй æхсæнады æргом раздахой сæ фарстамæ. Бынæттон администрацимæ бахатыдис нæ сфæлдыстадон къорд дæр. Дыууæ боны дæргъы фарста лыггонд æрцыдис.

Быру ныридæгæн райдыдтой халын. Тротуар чи сæхгæдта, уыцы цæджындзтæ тагъд рæстæг айсдзысты. Фæлæ уæд байгом уыдзæнис арæзтадон объектмæ бацæуæн. Префектурæйы специалисттæ куыд бамбарын кодтой, афтæмæй фæстæмæ сæвæрдзысты æндæр быру. Фæлæ ацы хатт адæмы нал хъыгдардзæн.Зæронд быру фехалдзысты къуырийы кæронмæ. Администраци та зæрдæ бавæрдта, уыцы ран аивгæнæн куыстытæ кæй сарадзæн, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania